Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 227 ног цау рабæрæг ис, снæниз сты  69
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 227 ног цау рабæрæг ис, снæниз сты 69

Гуырдзыстоны   коронавирусæй  инфицирады 227  ног цау  рабæрæг ис. Уый фæдыл  информаци  Гуырдзыстоны хицауады  специалонæй  арызт веб-фарсыл  stopcov.ge  цъус  рæстæг  размæ   ранæуæг ис.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг у   коронавирусæй инфицирады  4140 цау. Снæнизуæвджыты тыххæй  куы зæгъæм, уæд,   сæ  нымæц ивгъуыд 24  сахаты мидæг 69-æй   фæфылдæр ис æмæ  у 1643.

Коронавирусы аххосæй  Фæмардуæвджыты æмтгæйон нымæц абон ноджы  фæфылдæр ис æмæ у 25.

Карантины режимы  сты  5 390   æмбæстаг, æрмæст   стационары   цæстдарды  бын   сты  836.

Афтæма, фæсарæнтæй  хоскæнынмæ  Гуырдзыстонмæ  æрластой  41  æмбæстагы.

Бакой уын кæндзыстæм,  знон 22  сентябры,  Гуырдзыстоны  коронавирусæй  инфицирады  218  ног цау  рабæрæг ис.