Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 490 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 2 056  пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 490 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 2 056 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  2 490 ног цау. Уый фæдыл  информаци публикаци кæны  Гуырдзыстоны низты контролы националон центр.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 2 056   пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 25  пациент  амард.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   634 053  цау, уыдонæй  600 524  сæнæниз сты, 9 246 та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  – 1 871 116  адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 6 964.

Карантины режимы сты 52, адæймаг, стационары цæстдарды бын – 4 077, клиникон фысымуаты сты 623 уæнгы.

Зноны  9  октябры уавæрæй,  Гуырдзыстоны  сбæрæг ис   коронавирусæй инфицирады  2844 ног цау,  сæнæниз ис  814  пациент, амард 29 .