Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 851 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 5 530 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 1 851 ног цау. Уый фæдыл информаци публикацигонд уыд Гуырдзыстоны хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 5 530 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 55 пациент амард.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 814 097 цау, уыдонæй 755 229 сæнæниз сты, 11 553 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты 2 097 159 адæймаг.