Гуырдзыстоны   коронавирусæй  фæрынчын сты  100 адæймаг
Гуырдзыстоны коронавирусæй фæрынчын сты 100 адæймаг

Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариайы  информацийæ,   Гуырдзыстоны  100  адæймаг фæрынчын сты  коронавирусæй.

Гиорги Гахариа  куыд банысан кодта,  афтæмæй,    æртæ  цауы   фæрынчынуæвджыты инфекцийы равзæрæн  базонын  нæй  гæнæн.

«Ныр махмæ  100  адæймаг фæрынчын сты.   Æнæкæсгæ  уымæ, цæмæй  18  сдзæбæх сты,  фæрынчыны  цауты  райрæзты динамикæ  у фæдисон.  Абон уыцы   равг у, æмæ  нын  ис  æртæ   цауы,  кæцыты равзæрæн   базонын нæ  бон нæу.  Ахæм цаутæ  куы  уыдис Марнеулы, уæд мах    Марнеулы æмæ Болнисы  муниципалитетты карантины  зонæйæ  банымадтам», –   райхъусын кодта  Гиорги Гахариа.