Гуырдзыстоны  хуыд  медицининон маскæтæ  абонæй афтекты  уæй кæндзысты  æмæ  сæ аргъ уыдзæн  50  тетри фæйнæ маскæйæн
Гуырдзыстоны хуыд медицининон маскæтæ абонæй афтекты уæй кæндзысты æмæ сæ аргъ уыдзæн 50 тетри фæйнæ маскæйæн

Гуырдзыстоны  хуыд  мдицининон маскæтæ  абонæй   афтекты  хызагы  ауæй  уыдзысты –   уый  фæдыл   экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр  Натиа  Турнава   координацион   советы  рабадты фæстæ  фехъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ  дыууæ бонмæ   фæнысангонд продукци   акæнæг   афтекты  хызаджы  æппæт бæстæйы масштабæй   апарахат уыдзæн, дзырæдуы – «Аверсийыл», «Фармадепойы», «Пээспе» æмæ  «Джиписийыл».

Маскæты  аргъ, Натиа Туравайы  ныхæстæм гæсгæ,   зæгъгæ паддзахадæн иу  маскæйы  бахуыйын иу  ларийæ  фылдæр  сбаддис, фæлæ афтекты   фæйнæ  маскæйы аргъ уыдзæн  50 тетри. Уый  афтектæнбузныг  захта æмæ банысан кодта, цæмæй   уыдон фæнысангонды нымайынц  социалон проектæй  æмæ  аргъмæ ма  сæрмагонд  æфтиаг  нал  бамхас кæндзысты.