Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады тыхтæм лæвæрд æрцыд  «Дельтайы»  уагъд  згъæрхæдтулгæтæ
Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады тыхтæм лæвæрд æрцыд «Дельтайы» уагъд згъæрхæдтулгæтæ

Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады тыхтæм лæвæрд æрцыд,  æфсæддон-зонадон   техникон  Центр «Дельтайы» уагъд  40-ы онг  иуæг  згъæрхæдтулгæ «Дидгори»  сæ нымæцы,  «Дидгори Медевак» æмæ  бирæфункцион  нысаниуæгы  æндæр æмæ æндæр  типы  згъæрхæдтулгæтæ.

Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады  министрады  информацийæ,   уый у  фыццаг цау,  хъахъхъæнынады  тыхтæ  бынæттон   кондады уагъд  згъæрхæдтулгæтæй куыс сифтонг кодтой.

Згъæрхæдтулгæ «Дидгори»-ы  дæлхайадтæн алæвæрды  мадзалыл  Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады  министр  Ираклий Гъарибашвили, НАТО-Гуырдзыстоны ахуырты  æмæ аргълæвæрдты  иумæйаг  центры (JTEC) уыд.  ЙÆ фидиуæнæй,  зæгъгæ  гуырдзиаг  æфсæддон  амалиуæгады  стынг  кæныны  максималон  æххуыс æмæ  хъахъхъæнынады  тыхты  нациаоналон  кондады  уагъд æфсæддон  техникæйæ  сифтонг кæнын, уагдонæн   иуæй-иу нысаниуæгджын  приоритет у.