Гуырдзыстоны хæдбардзинады бонмæ гæсгæ, Дональд Трамп Мамука Бахтадземæ арфæйы фыстæг рарвыста
Гуырдзыстоны хæдбардзинады бонмæ гæсгæ, Дональд Трамп Мамука Бахтадземæ  арфæйы  фыстæг рарвыста

Гуырдзыстоны  хæдбардзинады  бонмæ  гæсгæ  Америкæйы Иугонд Штатты   президент, Дональд Трамп  арфæйы фыстæг  рарвыста  Гуырдзыстоны   премьер-министр Мамука  Бахтадземæ – уый фæдыл  Гуырдзыстоны ф æсарæн хъуыддæгты министр   Давит Залкалиани райхъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, фыстæджы мидæг дзырдæуы   Америкæйы  æмæ  Гуырдзыстоны æхсæн   æмкуысткæнынады æмæ  иумæйаг хæзнатыл.

«Фыстæджы  афтæдæр  дзырдæуы  Гуырдзыстоны  суверенитеты, территорион æнæхъæндзинадæн  фарсхæцыныл  æмæ ис  æвдыст  арфæ  уыцы   хайбавæрды тыххæй,   кæцыйы  Гуырдзыстон кæны  глобалон  сидты,  сæрмагондæй та  терроризмы  ныхмæ тохы. Дзырдæуы  уыцы   контрибуцийыл, кæцыйы АИШ-ы æмæ  НАТО-йы партнертимæ иумæ æххæст кæны  Афгъанистаны миссийы» –  райхъусын кодта Давит  Залкалиани.