Гуырдзыстоны хæдбарады акт расидыны театралон равдыст – [видео]

Абон  сæрмагонд  бæрæгбононæй  банысан ис  17:10 сахат – раст уыцы   рæстæг, 1918 азы Ное Жорданиа  Гуырдзыстоны  хæдбарад  куы  расидтис уæд.

Тбилисы, ахуыргæнинаг-фæсивæды   галуаны 100  азы размæ  фæзындты  театрализгонд   инсценировкæ  сырæзт. Таетралон равдыст  æнцойæвæрд у  реалон фæзындтыл.  Уыцы  периоды  архайджыты   равдыстой  артисттæ.  Кæсджытæ  байхъусытой  Ное Жорданиайы   раныхасмæ.

Хæдбарад  расидыны  минуттæ  æнæхъæнæй ногæй сфæлдытой   националон советы  историон  рбадаты протоколмæ гæсгæйæ,  фæлæ  ысыл  ивдтытимæ.  Цыдæриддæр та залмæ æххæссы, уый  ногæй рацарæзтой  1919 æмæ æ1920  азты  ист  къамтæм гæсгæйæ.  Афтæдæр дзы  спайда кодтой  Гуырдзыстоны  Демокративон Республикæйы   паддзахадон символикæйæ –  Тырыса æмæ  Гербæй.  Судæгас куодтой  æнæрмæст  26 майы  рабадт, фæлæ ма æнæхъæнæй  1918-1921 азтæ.  Гуырдзыстоны  хæдбарады  акт, кæцы 1918  азы  26 майы  Гуырдызстоны националон советы  рабадтыл   райстой æмæ  Гуырдзыстоны  бындурæвæргæ æмбырды 1919 азы  12 марты  сбæлвырд ис.

Хæдбардзинады акты  расидыны мадзалыл уыдысты  бæрзонд рангы  уазджытæ æмæ   историон  диаспорæйы  минæвæрттæ.