Гуырдзыстоны  эпидемиологион уавæр стабилон ссис
Гуырдзыстоны эпидемиологион уавæр стабилон ссис

Низты  контролы националон центры  къухдариуæггæнæг Амиран Гамхърелидзейы  фидиуæнæй,  зæгъгæ  Гуырдзыстоны  эпидемиологион   уавæр   стабилон ссис, æвæррцаг дзуаппыты  фæкаддæры  тенденци  дарддæр кæны, фæлæ  нын уый  æнцойы  фадат  нæ дæтты.

Гамхърелидзе йæ  хъусдард  здахы   регуляциты хъахъхъæды рдæм, сæ  нымæцы  маскæ дарыныл.

Амиран Гамхърелидзейы  дзырдæй,   зæгъгæ   æнæниздзинад бæрæг кæныны  институты иртасæнмæ  гæсгæйæ,   Гуырдзыстоны  маскæ дарыны  бæрæггæнæн  75-æй  95%  проценты куы  фæфылдæр уа, уæд  зæрдæвæрæны мæймæ  иугай  цауты онг фæкаддæр уыдзæн   мæлынад, æрмæст коронавирусæй  инфицирады ног цауты бæрæггæнæнтæ  10-æй  77-ы  фæлгæтты  уыдзысты.

«Иттæг  нысаниуæгджын у уый æмæ   æнæниздзинад бæрæггæнæг  институт регуляронæй  ранæуæг кæны   Европæ æмæ Гуырдзыстоны бæрæггæнæнтæ.

Фæстаг ранæуæг уыдис 15 январы,  кæцыйы дæр банысан кодтой  æвæрццаг   тенденцитæ,  æхсызгон у, цæмæй махмæ   75% схызтис   маскæ  дарыны  бæрæггæнæн, кæд  ма  ноджы 95% схиздзыстæм, уæд нын дзурынц, цæмæй  зæрдæвæрæны мæймæ  нын мæлынды  иугай  цаутæ  уыдзæн,  æрмæст коронавирусæй  инфицирады ног цауты бæрæггæнæнтæ  10-æй  77-ы  фæлгæтты  уыдзысты.  Кæнæ та  иттæг нысаниуæгджын у  ацы регуляци хъахъхъæнын, сæрмагондæй  та маскæ дарыны  бæрæггæнæн», – банысан кодта Амиран Гамхърелидзе.