Гуырдзыстоны  электромобильты заводы арæзтады  нысанæй, бадзырдтæ  цæуынц уагъд  дыууæ    номдзыд брендимæ
Гуырдзыстоны электромобильты заводы арæзтады нысанæй, бадзырдтæ цæуынц уагъд дыууæ номдзыд брендимæ

Гуырдзыстоны  электромобильты заводы арæзтады  нысанæй,   бадзырдтæ  цæуынц уагъд  дыууæ  сеппæтæй  номдзыд брендимæ.   Уый  фæдыл  премьер-министр Мамука  Бахтадзе  райхъусын кодта, иницативæ – «Цъæх Политикæйы»   архайадон планы   имплементацийы  фыццаг  этапы, «Цъæх политикæ-Экотранспорты»   презентацийыл.

Уый презентаийыл  куыд райхъусын кодта афтæмæй,   Гуырдзыстоны хицауад   бакуыста план,  кæцымæ гæсгæ дæр,  фæдылдзог  10 азы дæргъы бæстæйы архайæг  автопаркъы  90  процент  ивд æрцæудзæн электромобильтæй.  Уыймæй уæлдай ма   йæ ныхæстæм гæсгæ,   скусдзæн    лизингон схемæ, кæцымæ гæсгæ  дæр   пайдагæнæг  балхæндзæн электромоблилы æмæ аратгæй фæстауæрц суммæты  руаджы,  5 азы æмгъуыдмæ  бафиддзæн автомобилы  аргъ. Афтæдæр фенцондæнр уыдзæн  таможнæйыл фидтон бафидын.

«Цæй зæгъын æй хъæуы,  ардгæй  сæвзæрынц нысаниуæгджын уæлидзинæдтæ.  Уымæй бæрæг у, цæмæй  Гуырдзыстоны  нæм  фæзындзæн   ставд  базар.  Мах ныридæгæн уадзæм бадзырдтæ  дунейы  сеппæтæй  ставд   дыууæ   брендимæ, цæмæй  Гуырдзыстоны арæзт æрцæуа   электромобильты завод» – райхъусын  кодта Мамука Бахтадзе.