Гуырдзыстоны Фыццаг Каналыл ацæугæ  онлайн-олимпиадæ «Нæ гуырдзиаг æвзагы»  æртæ уæлахиздзау фæбæрæг сты
Гуырдзыстоны Фыццаг Каналыл ацæугæ онлайн-олимпиадæ «Нæ гуырдзиаг æвзагы» æртæ уæлахиздзау фæбæрæг сты

Гуырдзыстоны  Фыццаг Каналыл  сомихаг æмæ азейрбайджайнаг   скъолаты  ахуыргæнинæгтæн  архайæг  онлайнолимпиадæ  «Нæ Гуырдзиаг æвзаг»  фæцис.  Нырид бæрæг  у  æртæ уæлахиздзау,  кæцыты  нæмттæ райхъусын кæндзысты «Моамбейы»  сæйраг рауагъды.  Олимпиадæйы  фæлгæтты  ахуыргæнинæгтæ,  скъолаты цы  сахуыр кодтой,  уыцы  æрмæджытæй  30-ы онг фарстæн, афтæдæр  бонусфарстытæн  хъуамæ раттаиккой дзуапп.

Проекты  уæлахиздзауьæн  специалон  призтæ  ратдзысты. Проекты  «Нæ Гуырдзиаг Æвзаг»-ы  хайад райсыны бæлвырдгæнæн  сертификаттæ æрцæудзысты æлавæрд иннæ  хайадисджытæм дæр.

Онлайнолимпиадæйы   хайад райсыны фæндон равдыстой  æнæгуырдзаигæвзагон скъолаты  200-йы бæрц  скъоладзауы.  Финалон этапмæ та,   ныхасы фæстиуæгæн, азербайджайнаг  æмæ сомихагæвзагон  скъолаты  44  æвдæмклассагы  скъоладзау ахызт.

Проекты фæлгæтты, специалон  призтæй  схорзæхджын уыдзысты  уæлахиздзау ахуыргæнинæгты гуырдзиаг æвзаг æмæ литературæйы  педагогтæ дæр.

Гуырдзыстоны  Фыццаг Каналыл  сомихаг æмæ азейрбайджайнаг   скъолаты  æвдæм классы ахуыргæнинæгтæн   онлайн-олимпиадæ  4 июны райдыдта.

Проект –«Нæ гуырдзийаг æвзаг» гуырдзийаг æвзагы популаризаци дары йæ зæрдыл. Проекты фæлгæтты бирæ мадзæлттæ сырæздзæн. Проекты иуæй-иу хай  у Гуырдзыстоны регионты æнæгуырдзийаг æвзагон скъолаты  ахуыргæнинæгтæн  гуырдзийаг æвзагы онлайн-олимпиадæ ауадзын.

Проекты  фейсбук-фарсыл  – „ჩვენი ქართული ენა“ (нæ гуырдзиаг æвзаг) – рæстæгæй-рæстæгмæ  цæудзысты  викторинæтæ. Кар арæнгонд нæу. Бавдыст фарстыл  раст дзуаппы  цауы,   æнæгуырдзиагæвзагон  скъолаты  ахуырдзаутæм лæвæрд æрцæудзæн  призтæ.