Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы фидиуæн телекомпани «Пирвели»-ы эфиры лæвæрд мæнг информацийы æвдисæг сюжеты фæдыл
Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы фидиуæн телекомпани «Пирвели»-ы эфиры лæвæрд мæнг информацийы æвдисæг сюжеты фæдыл

Телекомпани  “Пирвелийы” эфиры  5 январы, 20:00 сахатыл  лæвæрд  информацион рауагъды  Гуырдзыстоны  Фыццаг Каналы фæдыл цæттæ сюжеты ис  рæдыды æфтауæг,  æнæбæлвырд, мæнг  информаци  æмæ  йæ нысан у Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн  барæй разнаггад кæнын æмæ йæ репутаций фæфыддзæсгом кæнын.

Нымадмæ ист стандарт у, цæмæй  Уацхæссæг  хæсджын у, аудитори сифтонг кæна  æууæнкаг, бæлвырд  информацийæ  æмæ  ма руадза  мæнг  кæнæ рæдыды æфтауæг   информацийы ахæлиу.  Фæнысангонд сюжетæй та  телекомпани «Пирвелийы» æрдгæй хæлд у  закъонæй бæлвырд  Уацхæссæгон принцип – бæлвырд информацийæ ифтонгад.

Абсолютон æнæпрофессионализмы  демонстрацийæ нымайæм  журналисты фæнысангонд куыст, кæцыйы  сæрыфыццаг   хæс у,  аудиторийæн бадæтта   бæлвырд,  æнæфæсайгæ информаци. Сюжеты автор  нæ бахъахъхъæдта  журналистикæйы элементарон  стандарттæ –  нæ бацагуырдта  бæлвырд информаци,  кæм æмæ  куыд æрцæттæ  ис  æмæ стæй  куыд  æрцыд æвæрд а.х. «Мерийы концерт»  æмæ Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы ногазон эфиры лæвæрд музыкалон  шоу.

Æмбæлгæйæ  цымидис кæныны  цауы, нæ  коллегæтæн   рæувадат  уыдаит  информаци, цæмæй  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналыл 31 декабры  æхсæвы  эфиры  лæвæрд концерт, æххæстæй æрцæттæй  ис Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы ресурстæй, каналы редакцион  хæдбарады фæлгæтты  рахæсгæ уынаффæтæм æмбæлгæйæ.

Афтæма курæг стæм  сюжеты хайадисæг  респонденттæй,  хуыздæр бацахуыр кæнæнт  фарста  комментарийы æмæ аргълæвæрдтæ  кæныны размæ,  цæмæй  ма  суой   мæнг информацийы  ахæлиуы  æмхайадисджытæ.

Гуырдзыстоны Фыццаг Канал домы  Телекомпани «Пирвелимæ»,  информацийы  рабæлвырд кæнынæн,  æнæраст факттæ  æмбæрц фæрæзтæй  æмæ формæйæ  сраст кæнын,  афтæдæр мæнгæй равдисын  сæрыфыццаг фидиуæны дæргъ æмæ рæстæджы уыцы  фадыгы, кæцы рæстæджы дæр ацыд фæнысангонд сюжет.

Ноджы иу  хатт  хаххгондæй  нысан кæнæм, цæмæй  кæцыфæнды  уацхæссæг  хæсджын у,  алы æмбаргæ  амæлттæй бацархайæт, цæмæй  ифтонггонд уа информацийы гуырæны æмæ  фактты  бæлвырддзинад, кæцы сегасдæр нысаниуæгджын  стандарт у журналистон  архайады æнæхъæн дунейы.