Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы бомбæйы уæвыны фæдыл дзырдыл фæдæвзарæн терроризмы фæдыл мæнг хъусинагы статийæ райдыдта
Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы бомбæйы уæвыны фæдыл дзырдыл фæдæвзарæн терроризмы фæдыл мæнг хъусинагы статийæ райдыдта

Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы  бæстыхайы  бомбæ  уæвыны  фæдыл  тилифонон дзырды тыххæй  фæдæвзарæн,  тугтæрхонон барады  кодексы 331-æм  статийæ  райдыдта,  кæцы  терроризмы фæдыл мæнг  хъусинагмæ хауы. Фæнысангонды фæдыл  Гуырдзыстоны  Фыццаг Каналæн  мидхъуыддæгты министрады фехъусын кодтой.

Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы бæстыхайæ кусджыты эвакуаци  сыххæст.  Бæстыхайы,  барадхъахъхъæнджытæ  цыппар сахатæй  фылдæр   рæстæджы дæргъы куыстой, бынатыл уыдысты  киноллогтæ æмæ сапертæ.

Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы  тæвд хаххмæ, бæстыхайы бомбæйы уæвыны  фæдыл  хъусинаг  абон  бацыд.

Фæдæвзарæн мадзæлттæм æнæкæсгæ, Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы  теле æмæ радио-эфир æнæкуылымпыйæ  цыдис æххæст.

Ацы  этапыл Гуырдзыстоны  Фыццаг Канал хуымæтæг режимæй дарддæр кæны  кусын.