Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы æвзæрстыты рухс кæнын
Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы æвзæрстыты рухс кæнын

Гуырдзыстоны Фыццаг Канал  парламентон  æвзæрстыты   хайадисæг алы  æвзарæнон субъектæн æмбар уавæртæ æнхъары.

Æвзарæнон кампанийы  официалонæй  райхъусын кæныны æмæ  централон  æвзарæнон комиссийы  æвзарæнон  регистрацийы  процедурæйы  фæуды  фæстæ,  Гуырдзыстоны Фыццаг  Канал, æвзæрстыты хайадисæг   алы партийæн,  дебаттæ ауадзынæн   ратдзæн эфиры рæстæг.

Дебатты хайадисджыты фæтк  фæбæрæг  уыдзæн  халæппæрсты фæрцы (халæппæрсты ауадзыны рæстæг æмæ  бынаты фæдыл информаци  партитæм  развæлгъау æрцæудзæн лæвæрд).

Ивгъуыд азты  куыд уыдис, ацы  хатт дæр Гуырдзыстоны Фыццаг Канал  бæрн йæхимæ исы, цæмæй  дебаттæ   ацæудзысты  æхсæнадæмон   стандарттæм гæсгæйæ,   уыдзысты   объективон уавæрты, кæцы рæстæджы   кандидаттæм уыдзæн фадат, сæрмагонд позици æвзæрстгæнджытæн  æмхуызон  уавæрты зонгæ  кæной.

Гуырдзыстоны Фыццаг Канал, партитæн афтæдæр æнхъары  «Моамбейы» 12:00, 15:00, кæнæ   18:00  сахаты   рауагъдты  партион кæнæ мажоритарон номхыгъды,  кæнæ программæйы   презентацийæн 10-12 минутон комкоммæ эфиры  рæстæг раттын  уыцы  цауы, кæд  æмæ парти йæхæдæг  сифтонг кæндзæн  телеуынынадæн  комкмомæ трансляцийы   сигналы алæвæрд.  Иухаттонæй   ацы  æнхъарæнæй   нырид спайда кодтой партитæ: «Европаг Гуырдзыстон», «Гуырдзиаг Бæллицц», «Лело», политикон платформæ  «Стратегия Аразæг»,  парти  «Æмбæстæгтæ».

«Моамбейы» сæйраг рауагъды  рухс  кæны  æмæ  æвзарæнон периоды æнæхъæнæй   срухс  уыдзæн   æвзарæнон субъектт  алы  нысаниуæгджын  активондзинад, сæ  æвзарæнон программæтæ æмæ  позицитæ.  «Моамбейы» 21:00  сахаты  рауагъды, ЦÆК-ы  регистрацигонд  партиты  минæвæрттæм  5 минуты рæстæг цæуы  лæвæрд  сидтытæн. Фæтк  бæрæг суыдзæн  халæппæрстæй.

Æвзарæнон  темæтæ активонæй  срухс уыдзæн  æхсæнадон-политикон  программæты, кæцы эфирмæ  æрыздæхдзæн сентябрæй.