Гуырдзыстоны Фыццаг Каналмæ фæуазæг ис Лиетувæйы  минæвар  Андриус Калиндра
Гуырдзыстоны Фыццаг Каналмæ фæуазæг ис Лиетувæйы минæвар Андриус Калиндра

Гуырдзыстоны Фыццаг Каналмæ фæуазæг ис Лиетувæйы  минæвар  Андриус Калиндра.   Минæвар фембæлдис  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы  генералон диреткоримæ  Тинатин Бердзенишвилиимæ.

Лиетувæйы минæвар  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы ног æмæ цæугæ  хабæртты  кусæн уавæртимæ дæр базонгæ ис.

Тинатин Бердзенишвили  куыд банысан кодта афтæмæй,   Гуырдзыстоны Фыццаг Канал  нысаниуæгджын функци  сыххæст кæндзæн дыууæ бæстæйы æхсæн  уæвæг æмахаст фæарфдæр кæнынæн.

«Фæныхас кодтам  æнæхъæнæй  Æхсæнадон Уацхæссæджы  ролыл, функци æмæ  нысаниуæгыл.  Афтæма  13 январы уыдзæн  1991 азы   зындгонд фæзындтæ, кæцы  иттæг нысаниуæгджын у  Лиетувæйæн.  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналыл  сæрмагонд программæ  уыдзæн  ацы бонмæ гæсгæ.  Афтæдæр плангонд у  бирæ культурон  мадзæлттæ, кæцыйы  медиапартнер уыдзæн  Фыццаг Канал. Зонæм  цæмæй  Лиетувæ  у  Гуыдзыстонæн  стратегион  æмцæдис бæстæ  æмæ сæхæдæг адæмы  зæрдæй ахаст  у  сæрмагонд.  Фыццаг  Канал бирæ сараздзæн  цææмй  ацы ахастытæ  ноджы  фæарфдæр кæнæм культурæйы сферæйы» –  райхъусын кодта Тинатин Бердзенишвили.

Лиетувæйы  минæвары дзырдæй, фембæлдыл  баивдтой  цæстæнгастæ  дыууæ бæстæйы ахастыты  фæдыл.

«Мæхи, куыд минæвары функци  ацы ахастыты  растдæр  фасилитаторæй уæвын у.  Афтæдæр нын уыдзæн  æмгуыстад  Гуырдзыстоны Фыццаг Канал æмæ Лиетувæйы  æхсæнадон уацхæссæджы  æхсæн.  Фæныхас кодтам  куыд ис гæнæн  дыууæ бæстæйы цæрджытæн сæ кæрæдзи базонын кæнæм хуыздæр.  Æмбарын  Æхсæнадон Уацхæссæджы нысаниуæг, сæрмагондæй  уыцы  периоды,  бирæ дискусси нын куы ис  æхсæнады æндæр æмæ æндæр   уæнгты æхсæн, ратсдæр ахæм рæстæджы ис  Æхсæнадон Уацхæссæгæн сæрмагонд  роль.  Нысаниуæгджын у,  уацхæссджытæн баххуыс кæнæм, куыд мисиийæн,  кæцыйæн йæ  бон хъауджы цæстæнгастæ  фæхæццæ кæна  кæсджыты онг» –  райхъусын кодта  Андриус Калидра.