Гуырдзыстоны Фыццаг Канал, Уацхæссæджы  журналистты  æфхæрыны  æмæ æнæраст зылынкæныны тыххæй хæлиу кæны  фидиуæн
Гуырдзыстоны Фыццаг Канал, Уацхæссæджы журналистты æфхæрыны æмæ æнæраст зылынкæныны тыххæй хæлиу кæны фидиуæн

Æхсæнадон Уацхæссæг дзуапп кæны   социалон хызагы,  стæй  та  медийы  (телекомпани «Мтавари Архи»)  ахæлиугонд информацийæн цæвиттон   Уацхæссæджы  бæлвырд  социалон хызæгтæй  фæлхас кæныны  уагæн йæ нысан у  кусджытæн цензурæ  сфидар кæнын.

Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы  кусджытæн  социалон  хызæгтæй  фæлхас кæныны  уагæвæрд  2018 азы  ист документ у  æмæ æргомæй  æвæрд у  Æхсæнадон Уацхæссæджы  веб-фарсыл.

Социалон хызæгтæй  фæлхас кæныны  уагæвæрд  ист у  Европæйы Уацхæссджыты  Цæдисы  фылдæр  Æхсæнадон Уацхæссджытæн, сæ нмыæцы «ВВС», Финляндийы  Æхсæнадон Уацхæссæгæн, Швецийы  æхсæнадон радиойæн  æмæ а.д.   Социалон хызæгтæй  фæлхас кæныны   уагæвæрд, ахуыр  практикæ  у  æмæ æнцой кæны  стандартон регуляцитыл,  у æнæмæнгхъæугæ  разамонæг документ  кусджытæн  æмæ  æмбæлон у  Гуырдзыстоны архайæг закондæттынадмæ.

Фæнысангонд фактæй  спайда кодтой   организацийы  ныхмæ  абсолютонæй  æнæбындур лæбурды  тыххæй  æмæ  организацийы   имидж бафхæрынæн, цæй  тыххæй дæр нæ  журналисттæ сты æфхæрды  æмæ  æнæраст аххосæгты  объект.

Æхсæнадон Уацхæссæг сиды  æхсæнадæмон   партнертæм, сæ цæст бадарой  цæугæ процесстæм æмæ  ма руадзой  æндæр æмæ æндæр порлитизиргонд  къордты æрдгæй  дезинформацийы  ахæлиуæй  Æхсæнадон медийы  идеяйы  æмæ европаг аргъдзинæдты гуырысхойаг скæнын, уымæн æмæ  Æхсæнадон Уацхæссæджы журналистты хæдбарад  бæлвырд у  Гуырдзыстоны  конституцийæ.

Гуырдзыстоны  Фыццаг Каналы  журналистты ныхмæ иунæг  æнæбындур аххосаг дæр нæ баззайдзæн    Æхсæнадон Уацхæссæджы  æрдгæй  æнæдзуапп. Организаци  йæ  алкæцы  кусæгы сæрыл дзурдзæн, не руаддзæн уыдоны скæнын  бæрæг политикон бонвæткæйы  архайæг   фарсыты  лæбурдты объектæй  уый тыххæй,  цæмæй  нæ  лæггад кæнынц  искæцы  политикон  къорды  интерестæн.