Гуырдзыстоны Фыццаг Къанал  профессион хæстæ æххæсткæныны рæстæджы зиан райсыны цауы, журналисттæн  компенсацитæ бафиддзæн
Гуырдзыстоны Фыццаг Къанал профессион хæстæ æххæсткæныны рæстæджы зиан райсыны цауы, журналисттæн компенсацитæ бафиддзæн

Гуырдзыстоны   Фыццаг Къаналы менеджменты  скуыддзагæй,   кусæн хæстæ  æххæстт кæныны  рæстæджы  æнæниздзинад  базиан кæныны  цауы,   æхсæнадон Уацхæссæгы Журналисттæ  æхцайæ компенсацитæ  райсдзысты.

Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы журналисттæн  Лика Алелишвили æмæ Ника Мухигулашвилийæн,  афтæдæр  оператор   Къаха  Джонджуайæн, кæцытæ  20-21  июны  фæзындты  базиан сты,  абон  лæвæрд æрцыд  компенсацитæ.

Гуырдзыстоны  Фыццаг Къаналы   генералон  диреткоры  Васил  Магълаперидзейы   куырдиатæй,   зæгъгæ нысаниуæгджын у,  ног хабæртты  журналисттæ  сæхи  хъахъхъæдгондæй   æнкъара.

«Иттæг нысаниуæгджын у, цæмæй   адæймæгтæ,  кæцытæ  æрвылбойнонæй æнæ æрмæст   ног хабæрттæ хъусын кæнынц  æхсæнадæн, фæлæ   бæрæг хйæ сæхи тасы бын дæр бакæнынц,  хъуамæ  уой  æдæрсгæйæ.   Нæ  организацийы  аскуыддзаг ис, цæмæй   уыдон сæ  кусæн хæстæ  æххæст кæныны   рæстæджы  бæрæг  травмæ, кæнæ  зиан куы райсдзысты, удæ  сæм хъуамæ  æмбæла  компенсацитæ,   кæцйы æнæмæнгæй райсдзысты.  Цæй зæгъын æй хъæуы , куыд иу   фæзæгъынц,  æхца зæгъгæ  алцыппæт  æвдисæг  нæу,  фæлæ  ай  уыдзæн  æххуысы  нысан æмæ  амæй фæстæмæ  та  уыдзæн бæлвырд æгъдауæй  нæ  организацийы.

Не ртæ  журналисты  æцæгдæр цæсгомджынæй  æмæ хъайтаронæй  сыххæст кодтой  сæ  хæс. Уыдысты  æцæг журналистикæйы   дæнц.  Æндæртæн  ракувыин, цæмæй  сæ  макуы  бахъæуид   ахæм компенсаци сисын,  фæлæ Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналыл   ацы  традици  æрфидар ис  æмæ афтæ  уыдзæн кæддæриддæр»,-  райхъусын кодта Васил Магълаперидзе.