Гуырдзыстоны Фыццаг Къанал, кусджытæн афæдзы  хатдзæггæнæн мадзал  ауагъдта   [фото]
Гуырдзыстоны Фыццаг Къанал, кусджытæн афæдзы хатдзæггæнæн мадзал ауагъдта [фото]

Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы  менеджмент, традиционæй,  кусджытæн  Ног Аз æмæ Цыппурсы  æрлæууд ракуывдта æмæ   сын  сæ  куысты   тыххæй  раарфæ кодта.

Абон  ацæугæ  афæдзы  хатдзæггæнæн   мадзалыл,  афтæдæр схорзæхджын кодтой  кусджыты,  кæцытæ  Къаналыл  40 азæй  фылдæр   фæкуыстой.  Уыдонмæ  лæвæрд æрцыд   символон лæвæрттæ  æмæ  сыгъзæрин  пропусктæ, уый  нысанæн,  цæмæй  сын  телеуынынады  дуар кæддæриддæр гом уыдзæн.

Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы   генералон   директоры   фыццаг  хæдивæг Тинатин Бердзенишвили  райхъусын кодта, цæмæй  30 декабры  фыццаг телеуынынады  гуырæнбон у  æмæ  ацы  бон зæгъгæ, мадзал  традиционæй  цæуы.

Мадзалы  фæлгæтты  телеуынынады   кусджытæн лæвæрд  æрцыд  ногазон лæвæрттæ æмæ призтæ.