Гуырдзыстоны  Фыццаг Канал  Куадзæнон  литургийы трансляци  алы  телеуынынадæн  гом  сигналæй бадæтдзæн
Гуырдзыстоны Фыццаг Канал Куадзæнон литургийы трансляци алы телеуынынадæн гом сигналæй бадæтдзæн

Гуырдзыстоны  Фыццаг Канал  уæвæг  уавæрæй   цæугæйæ, рахаста  уынаффæ,   Самебайы   кафедралон аргъуаны  Куадзæнон  литургийы  рæсæджы,  алы  телеуынынадæн  бадæтта  гом  сигнал.

Уынаффæйæн йæ  нысан у,  цæрджытæн   максималонæй  рæувадат скæнын   трансляци  æмæ  сæм уа  фадат  хæдзары  уæвгæйæ  цæст бадарын  Куадзæнон литургимæ.

Бакой уын кæндзыстæм, цæмæй   Фыццаг Канал   Куадзæнон литургийы   трансляци  сæххæст кæндзæн   алы  платформæйыл – Фыццаг Каналы æмæ  Гуырдзыстоны радиойы  эфирæй, www.1tv.ge веб-порталыл  æмæ Гуырдзыстоны  Фыццаг Каналы   официалон фейсбук-фарсыл.

Трансляцийы  ист  цæудзæн оккупацигонд  Гуырдзыстоны  территоритæй   лигъдæтты,  куысты,  æнæниздзинады æмæ  социалон хъахъхъæды  министрады бакуыст  æдасдзинады   нормæтæ  хъахъхъæнгæйæ.