Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад - Уæрæсейы сидт æндæр бæстæтæм,  политизацийæ цухæй сæххæст кæной гом уæларвы  бадзырды уагæвæрд,  циникъон  куырдиатæй  дарддæр ницы у
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад - Уæрæсейы сидт æндæр бæстæтæм, политизацийæ цухæй сæххæст кæной гом уæларвы бадзырды уагæвæрд, циникъон куырдиатæй дарддæр ницы у

Азты дæргъы  Уæрæсе систематонæй  халы гом  уæларвы фæдыл  бадзырды уагæвæрд  æмæ  йæ  политизаци кæны –  уый фæдыл дзырдæуы Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады  комментарийы,  кæцыйы   уагдон  Уæрæсейы  фæсарæн хъуыддæгты  министрады гом уæларвы  фæдыл   куырдатæн дæтты  дзуапп.

Уæрæсейы ф æсарæн хъуыддæгты министрад  йе  зноны  куырдиаты банысан кодта, цæмæй  зæгъгæ «Уæрæсе цæттæ у  бауадза  цæстдарæг  мисситæ  арæнгæрон 10 километрон зонæтæм, кæд æмæ Гуырдзыстон Уæрæсейæн  сæрмагонд территорийыл   тæхыны бар ратдзæн уæд».

«2010  азæй  абоны онг  Уæрæсе дарддæр кæны  æнæфæстиуæгджын  архæйдтæ, цæмæй  ацы  бадзырдæй  сфæлхас кæна, коккупацигонд Гуырдзыстоны  регионты  æнæзакъонон  банымады легитимацийы   инструментау.

Нрыма 2010  азы Уæрæсейы  Федераци политизаци скодта  гом  уæларвы бадзырды  импоементацийы фарста.  Сæрмагондæй та,  Уæрæсе тобæ сæвæрдта  оккупацигонд Гуырдзыстоны  регионтимæ  10 киометры  дзæрддзæг, цæст дарынæн  тахтыты  сæххæстыл, уыцы  мотивæй, цæвиттон   ацы  а.х.  бæстæтæ  фæнысангонд бадзырды  фарсытæ  не  сты  æмæ уымæ  æмбæлгæйæ дæр,  се рдæм архайы   бадзырдæй  бæрæг   хъауджыдæргонд режим.  Фæнысангонд  архæйдты  нысан уыд Гуырдзыстоны регионты, Абхаз æмæ Цхинвалы банымады легитимаци скæнын» – банысангонд у  Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты министрады  комментарийы.

«Уæрæсейы  æддагполитикъон уагдоны  сидт  æндæр бæстæтæм, сæххæст кæной  гом  уæларвы  бадзырды  уагæвæрд политизацийæ  цух,  циникъон  куырдиатæй  дарддæр ницы нысан хæссы, уымæн æмæ  йæхæдæг Уæрæсейы  Федераци  архайы  ацы техникон  бадзырдæй,   сæрмагонд политикон  нысæнттæн спайда  кæнын.

Ацы  куырдиатæй  Уæрæсе архайы  æндæр бæстæты фæаххосджын кæнын, цæмæй  бамбæрза  бадзырды  йæхæдæг   кæй  халы  уыцы  фактытæ.

Уæрæсенйæ  хъауджыйæ, Гуырдзыстон æххæст бæрнон ахаст дары  йæхимæ цы  æхсæнадæмон хæс райста уыдоны  сæххæстмæ  æмæ  æнæцудгæйæ хъахъхъæны æхсæнадæмон нормæтæ  æмæ принциптæ» –  банысангонд у Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  уагдоны  куырдиаты.