Гуырдзыстоны  фæбæрæг ис  коронавирусы ног штамы фыццаг цау
Гуырдзыстоны фæбæрæг ис коронавирусы ног штамы фыццаг цау

Гуырдзыстоны  фæбæрæг ис  коронавирусы ног «бритайнаг штамæй» цы хонынц ахæм вирусæй инфицирад.  Уый фæдыл  æнæнизхъахъхъæды  министрады  лæвæрд пресс-конференцийыл, журналисттæн  загъта   низты контролы  националон центры   хистæры хæдивæг  Паата Имнадзе.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  ног  штамыл  басгæрстой  æртæ  хуызагы,  кæцытæй  дыууæйыл уыдис æппæрццаг  дзуапп, æртыккаг  цауы та  ног  штам сбæрæг ис.  Фæрынчынуæвæг у  50 азæй  хистæр  кары  пациент, кæцы йæхи дзæбæх хаты  æмæ  изоляцийы  уæвы.

Паата Имнадзейы  дзырдæй,   зæгъгæ ныр  цæуы  йæ  контактты биологион æрмæгы иртасын.  Паата Имнадзейы фидиуæнæй,  зæгъгæ ног штамæй  рынчын уæнг  Британийы нæ уыдис, фæлæ  Имнадзе нæ конкрет кæны, кæцы бæстæйы  балцы  историй ис  фæрынчынуæвæгæн.  Эпидемиологы дзырдæй, коронавирусы  ног штамæй  рынчын нырид   практиконæй    сæнæниз ис.

Паата  Имнадзейы  дзырдæй,   зæгъгæ ног штам  нæ хицæн кæны   ног  коронавирусæй  йæ  карздзинадæй  кæнæ леталондзинады бæрæгæнæнæй, фæлæ  уæвæг  штамæй  хъауджы у  тынг æнцонæй  хæцгæ кæй у, уымæй,  уый тыххæй  дæр  Имнадзе куыд дзуры, афтæмæй,   æдасдзинады мадзæлттæ  хъахъъхæнынæн  ноджы фылдæр нысаниуæг ис.