Гуырдзыстоны Дыккаг Канал  суыдзæн рухсадон платформæйæ
Гуырдзыстоны Дыккаг Канал суыдзæн рухсадон платформæйæ

Гуырдзыстоны Дыккаг Канал  рухсадон  платформæйæ  суыдзæн.   Ацы ногдзинады  дары  йæ хъуыдыйы  ахуырады министрады æмæ  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы иуæймаг  проект «Телескъола».  Абон  ацыд  проекты радон  кусæн  фембæлд, кæцыйы  хайад исты  ахуырады  министр   Михеил Чхенкели.

Ног проектæн  афтæдæр спайда кæндзысты  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы  æндæр æмæ æндæр  медиаплатформæтæй дæр – веб-портал 1tv.ge,  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы youtube æмæ фейсбукфарсытæ.  Бакусыны процессы ис ахуырадон эфиры хызаг (урокты ранывæзт), кæцы æввахс бонты  æрцæудзæн публикацигонд.

Националон ахуырадон  прогрæммæйæ  бæрæг  телеурокты  æндæр æмæ æндæр  фадвгы  номдзыд  педагогтæ  ауадздзысты.  Спайда дзы кæндзысты  акæнæг компаниты  ист  ахуырадон фильмтæй.

Фæнысангонд проект райдаын  коронавирусы тыххæй  сырæзт  уавæримæ у баст, фæлæ  йæ нысаниуæгæй  рацæугæйæ,   уый уавæры аскуыддзагы  фæстæ дæр адарддæр уыдзæн.

Ахуырады министр, михеил Чхенкелийы  куырдиатæй,  рухсадон  проекты фæлгæтты, ахуыргæнинæгтæн уыдзæн  цымидисон  уроктæ  феныны фадат.

Гуырдзыстоны  Фыццаг Каналы  генералон директор Васил Магълаперидзейы  куырдиатæй,  проект  зæгхгæ  уыдзæн   бирæмгъуыдон  æмæ йæ нысан у  Гуырдзыстоны Дыккаг Канал скæнын  рухсадон каналæй.

«Ныр нын  ис  æрвылбйонон кусæн фембæлдтæ.  Ахуыры гъæдыл  бæрнон уыдзæн  ахуырады  министрад.  Бирæмгъуыдон  перспективæйы  Гуырдзыстоны Фыццаг Канал   дунейы сеппæтæй  хуыздæр рухсадон программæтæ тæлмацы  æмæ  проекты фæлгæтты   равдыст  ифтонг кæндзæн.  Сабат æмæ хуыцаубонмæ пълагонд сты  цымидисон  æддæкълассон  ахуыртæ  æмæ   эфир æххæстæй  арызт уыдзæн  рухсадон   программæтæй» –  райхъусын кодта Васил Магълаперидзе.