Гуырдзыстоны делегаци Женевæйы бадзырдты хайад райсынмæ абалц кодта
Гуырдзыстоны делегаци Женевæйы бадзырдты хайад райсынмæ абалц кодта

Женевæйы  бадзырдты  43-æм раунд  сом райдайдзæн.  Гуырдызстоны делегаци  Женевæмæ абон, боныцъæхыл араст ис.

Делегацийы  къухдариуæг  кæны  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министры  хæдивæг Давит Дондуа.

Дыууæбонон  фембæлдтыл   гуырдзиаг делегацийы  æрдгæй  иуæ-иу сæйраг фарст уыдзæн, оккупацигонд  Цхинвалы  Арчил Татунашвилийы  гуырысхойаг уавæрты  мæлæт.

Парламентон фылдæрты лидеры, Арчил Талакъвадзейы  фидиуæнæй,  Женевæйы  формат  у  иуæй-иу сæйраг  æхсæнадæмон инструмент, кæцыйæ  гæнæн ис  аскуыддзаг уа проблемæтæ, кæцы Гуырдзыстонæн ис Уæрæсейы  Федерациимæ.

Талакъвадзейы ныхстæм гæсгæ, фембæлдыл гуырдзиаг фарс  ноджы иу  хатт бавдисдзæн фарст,  цæмæй  Уæрæсейы  Федераци  сæххæст кæна  тыхæй æнæспайдайы фæдыл  хæстæ,  афтæдæр  акæна йæ  æфсад æмæ  баурома аннекси.

Парламентон фылдæрты лидеры дзырдæй,   мачи хъуамæ хъуыды кæна, цæмæй Гуырдзыстоны   æмбæстæгты æрдæм  фыдракæндтæ  æмæ  барты æфхæрды  фактытæ,  йын байтайдзæн.

Афтæдæр йæ ныхæстæм  гæсгæ,  Гуырдзыстоны æмбæстæгты æрдæм сæххæст  фыдракæндты æмæ барты  састы  фактытыл  сырæздзæн  тызмæг æхсæнадæмон   аргълæвæрдтæ, æмæ Гуырдзыстоны  хицауад  ацы æрдæм  кусын  адарддæр кæндзæн.