Гуырдзыстоны боныгъæд  абонæй  фæхуыздæр уыдзæн
Гуырдзыстоны боныгъæд абонæй фæхуыздæр уыдзæн

Æрдзы националон  агентады  цыбырæмгъуыдон прогнозты уагдоны хистæр, Додо Гвазавайы   информацийæ,   Гуырдзыстоны  æппæт территорийыл  температурæйы  фæуазал расайдта   арктикон  уазал  уæлдæфы  массæты  ахæлиу.

Гвазава Гуырдзыстоны  Фыццаг  Каналæн куыд фехъусын кодта афтæмæй,    температурæ сæрмагондæй   уæлхох  районты  фæуазал ис.   Иуæй-иу  рæтты  мит дæр æруарыд.

«Майрæмбонæй Гуырдзыстоны территорийыл  ахæлиу ис   арктикон уазал  укæлдæфы массæтæ, кæцы   тепературæйы  виппайды  фæуазал  расидтис.  Температурæ сæрмагондæй  фæуазал ис   уæлхох рæтты. 9 майы  æхсæв  мит уарды  Бакурианы,  Ахалкалакы, Ниноцъминдайы æмæ Гудари-Степанцъминдайы  алфамбылæйтты.  Афтæдæр  хурныгуылæн Гуырдзыстоны   хохджын  районты. Арктикон   уæлдæфы   æндæвдад 10 майы дæр  лæууыд Гуырдзыстоны  æппæт территорийыл», – хъусын кæны  Додо Гвазава.

Синоптикты прогнозæй Гуырдзыстоны боныгъæд  абонæй  фæхуыздæр уыдзæн.

«Уæлдæфы  температурæ схъарм  уыдзæн.   Тæрфы  æмæ  кæмтты  уыдзæн 19-22  градусы онг,  хохджын  районты  17-19  градус æмæ уæлхох  рæтты та   10-12  градусы.  Фæдылдзог бонты  уæлдæфы   температурæ фæбæрзонддæр уыдзæн. Уæлдæфы  максималон температурæмæ æнхъæлмæ кæсæм   15 зæрдæвæрæнæй. Гæнæн ис   17, 18  æмæ 19   майы,  30-31  градус  хъарм  æрлæууа. Зæрдæвæрæны мæй  Гуырдзыстонæн кæддæриддæр  вæййы   кæъвдаджын æмæ дзы хатт  ихуард дæр вæййы, сæрмагондæй  та   Кахеты» –  бафтыдта ма Додо Гвазава.