Гуырдзыстоны байгом уыдзæн  Сербийы  Республикæйы  дипломативон  минæварад
Гуырдзыстоны байгом уыдзæн Сербийы Республикæйы дипломативон минæварад

Гуырдзыстоны байгом уыдзæн  Сербийы  Республикæйы  дипломтивон  минæварад.  Уый фæдыл  Гуырдызстоны парламенты сæрдар  Ираклий Къобахидзе æмæ  Сербийы  президент  Александр  Вучич, абон уагъд фембæлдыл фæуынаффæ кодтой.

Ираклий Къобахидзе  Сербийы Республикæмæ визит  райдыдта  бæстæйы парезидентимæ фембæлдæй.

Фæрстæ  афтæдæр   дыууæ бæстæйы  æхсæн  комкоммæ  тахтыты  снысан кæныны фарста  æркастысты.

Фембæлды  фæуды фæстæ  парламенты сæрдар  журналисттæн  куыд  фехъусын кодта афтæмæй,   дипломативон   минæварады  байгом  æмæ   комкоммæ   уæлдæфон дыууæрдæм змæлд, дыууæфарсон ахастыты фæстæдæр  фæарфдæр кæныны  нысаниуæгджын хайбавæрд скæндзысты.  Афтæдæр йæ информацийæ, Сербийы   дипломативон  минæварад, нæ бæстæйы  æввахс  мæйты  байгом уыдзæн.

«Президент  ахицæн кодта,   цæмæй  Гуырдызстоны  байгом уа  Сербийы  Республикæйы  дипломативон минæварад.  Афтæдæр  уый  абон   адæтта  барамынд, цæмæй райдайа  куыст  Сербийы æмæ  Гуырдзыстоны æхсæн комкоммæ  рейсыты   райдайыны тыххæй.  Уый тынг нысаниуæгджын  у  æмæ  цæй  зæгъын æй хъæуы,   алцыппæт уый  ахъаз  уыдзæн  Серби æмæ Гуырдзыстоны æхсæн ахастыты  фæстæдæр фæарфдæр кæнынæн.  Уый  у   Сербийы  президентимæ  нæ  ныхасы  иттæг нысаниуæгджын фæстиуæг- райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.

Гуырдзыстоны парламенты сæрдар, Сербийы   уæвы делегациимæ иумæ, кæцыйы  сконды  сты депутаттæ:  Гога  Гулордава, Гиорги Тортладзе, Закариа  Куцнашвили æмæ Давит  Бакрадзе, афтæдæр парламенты сæрдары   кабинеты хистæр, Николоз Самхарадзе.