Гуырдзыстоны авд регионы снысан уыдзысты ног губернатортæ
Гуырдзыстоны  авд регионы  снысан уыдзысты ног  губернатортæ

Гуырдзыстоны  авд  регионæн уыдзæн ног   губернатор. Ног паддзахадон  æвджидлæгты премьер-министр  Мамука Бахтадзе  абон хицауады   администрацийы  бавдисдзæн.

Уæдмæ та бæрæг уыдис, цæмæй  ног  æвджидлæгтæ  хъуамæ снысан уыдаиккой  æхсæз регионы,  фæлæ  абон   сæйумæрайсомы йæ  пост ныууагъдта  Гуриайы  губернатор  Мераб  Чъанухъвадзе дæр.  Мамука Бахтадзе  абон   йæ  ивæгы дæр  бавдисдзæн.

Уымæ æмбæлгæйæ  дæр ног губернатор уыдзæн,   Мидæг Картлийы,   Дæллаг Картлийы,   Мцхета-Мтианеты, Самегрело-Уæллаг Сванеты,  Самцхе-Джавахеты, Имереты æмæ   Гуриайы  регионтæн.

Авд регионæй,   фондз губернатор  сæ  постæй,  цæугæ  азы  26  июлы  ссæрибар сты.  Имеретæн  та,   губернатор уы фæстæ  нал уыд,  раздæры  паддзахадон æвджидон   Гиви  Чъичъинадзе, Гуырдзыстоны  парламенты  Ванийы æмæ   Хонийы   мажоритар  депутатæй   куы ыссис. Гуриайы   губернатор та,  йæ  куыстуæгхды  фæдыл,   абон социалон хызаг  «Фейсбукы»  фарсыл  ныффыста.

Æндæр регионты та,   сæ постытыл куыст адарддæр кæндзысты – Кахеты   губернато р Ираклий  Кадагишвили,  æмæ Рачъа –Лечхум- Дæллаг Сванеты  губернатор  Арчил Джапаридзе.