Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварады фидиуæн,  Джордж Флойды мæлæты æмæ АИШ-ы  протестон   рацыдты фæдыл
Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварады фидиуæн, Джордж Флойды мæлæты æмæ АИШ-ы протестон рацыдты фæдыл

Гуырдзыстоны  АИШ-ы минæварад, джордж Флойды мæлæты  æмæ   Америкæйы  протестон рацыдты   фæдыл   кырдиат аразы.

Документы  банысангонд куыд у  уымæ гæсгæ,  Джорджт Флойды  трагикон мæлæт, бæрæг   идеалты  æххæстæй бахъахъъæнынæн АИШ-ы  цæугæ   иудадзыг тохы ноджы иу тызмæг  зæрдыл æрæфтауæн у.

«АИШ-ы  минæварад  Тбилисы,  афтæ куыд   дунейы æндæр  бæстæтæй   кæсы  тынг мæтæфтауæг  ног хабæрттæм, кæцытæ баст сты   пъæлицæйæгтæ   Джордж Флойды куы амардтой  уыцы  фактимæ, 25  майы  Минесотайы.   Джордж Флойды   мæлæт, сабырадон  протесттæ æмæ уый фæдылдзог  тыхмидзинад, кæцы  ныр  ис   АИШ-ы  фылдæр  хайы,   Вашингтоны   нын бакой  кодта,  цæмæй   Америкæйы Иугонд Штаттæ  у бæстæ,  кæцы  рагæй фæстæмæ   тырны  æмæ  хаттæйтт ныхмæлæудыл дæр амбæлы   тынг вазыгджын тохы   демокративон хæзнаты фæтынгдæр кæнынæн,  кæцы  йæхи æгъдауæй  йæ  хъуыдйы  дары  закъоны сæйрагдзинад,, рæстаг æмæ  æмбарджын ахаст   алкæмæ дæр, куыд бæстæйы мидæг, афтæ  йæ   арæнты æддæйæ. Нæ тыхархайд   ацы æрдæм  бæрæг у  цæмæй æххæстар8гъджынæй нырма  дард у.

Джордж Флойды трагикон  мæлæт  бæрæг идеалты  æххæстæй бахъахъъæнынæн АИШ-ы  цæугæ   иудадзыг тохы ноджы иу тызмæг  зæрдыл æрæфтауæн у. Нæ фундаментон   хæзнатæ: дзырды,  прессæ  æмæ  æсабырадон æмбырды сæрибартæ,  Америкæ  кæнынц  æргом бæстæйæ, кæцы  тырны сæрибардзинад æмæ  рæстагдзинадмæ алкæй æрдæм дæр  æмæ  нæзагъд кæны  тыхмидзинадæн, кæцйы  никæмæн æмæ ницы  аргъджын  нысанæн нæ лæггад кæны.  Тырнæм ацы  идеалтæ  æрхион кæнынмæ, куыд нæ бæстæйы, афтæ Гуырдзыстоны æмæ æппæт дунейы, уымæн  æмæ ацы  идеалтæ  сты  æнæдихаг фидар демократийæ. Нæ бацархайдзыстæм нæ риссаг тох   бамбæхсын, уымæн æмæ нæ уырны, цæмй   зæрдæргом  дискусси  нын баххуыс уыдзæн  нæхи бирæ  хуыздæр æмæ тыхджындæр скæнын.  Фундаментон  аргъдзинæдты  фæфидар кæнын у уыцы  фæндаг, кæцыйы фæрцы, кæронмæ  бахæццæ уыдзыстæм  æмсæрадмæ, стох кæндзыстæм дискриминаци æмæ  æфхæрдимæ.  Нæ зæрдæ нын фидар кæны  Гуырдзыстоны  æмæ æппæт Дунейы, нæ партнерты   æрдгæй  разагъд æнцой» –  банысангонд у минæварады  куырдиаты.