Гуырдзыстоны  АИШ-ы минæварад æмæ Евроцæдисы минæварад - æххæстæй  йæ  фарс  хæцæм сабырадон æмбырды  барæн, сидæм алкæмæ, чидæриддæр ацы бар æххæстгæнæг у,  закъон хъахъъхæнгæйæ  архайæт
Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварад æмæ Евроцæдисы минæварад - æххæстæй йæ фарс хæцæм сабырадон æмбырды барæн, сидæм алкæмæ, чидæриддæр ацы бар æххæстгæнæг у, закъон хъахъъхæнгæйæ архайæт

АИШ-ы   минæварад  æмæ Гуырдзыстоны   Евроцæдисы   минæварад   конституцион ивдтытæм гæсгæ   уагъд  протестон  акциты тыххæй  иумæйаг  фидиуæн   аразынц.

Фидиуæны  куыд  дзырдæуы  афтæмæй,    АИШ-ы минæварад  æмæ  Гуырдзыстоны  Евроцæдисы минæварад   æххæстæй йæ фарс хæцынц   сабырадон æмбырды  барæн  æмæ  дзырды  сæрибарæн æмæ  сидынц  алкæмæ,   чидæриддæр ацы  бар  æххæст кæны,   закъон хъахъъхæнгæйæ  æмæ  конституцийы  фæлгæтты  архайынмæ.

«Америкæйы Иугонды Штатты  минæварад æмæ Евроцæдисы минæварад конституцион ивдтытæм æмб æрынц  гуырдзиаг  дзыллæйы   егъау  хайы   арф  ныфссаст уый тыххæй,   цæмæй   парламент нæ  райста  2020 азы   æххæстæй пропорцион   парламентон æвзæрстытæм ахизынæн  хъæугæ  конституцион ивдтытæ.  Сæрды   райст  уынаффæ пропорцион  æвзæрстытæм  ахизын батагъддæр кæныны тыххæй, æмбæрст æрцыд куыд  гуырдзиаг демократийы  размæ арызт  егъаунысаниуæгджын къахдзæф, кæцыйы  фæдыл уыд   политикъон консессус  æмæ   алы  фарсы иумæйаг хæсист, ацы  нысанмæ æрцæуынæн бакуыстаиккой.  Ивгъуыд   цыппæрæмы  ацы  процессы æнæнхъæлæджы  æрурæд райрæзын  кодта æнæууæнк  æмæ   фæкарз кодта  тынгад  хицаугæнæг партийы,  æндæр политикъон партиты æмæ æмбæстагон дзыллæйы  æхсæн.

Абоны  уавæр  зæрдыл даргæйæ,  бындуроныл нымайæм  æнæаргъæвгæ  куыст   хицауады,  алы  политикъон партийы  æмæ   æмбæстагон дзыллæйы æхсæн æууæнк сæндидзын кæнынæн  сабыр  æмæ   кæрæдзийæн  цытыл æнцойæвæрд  диалогы  фæрцы,  ахæм фидæнон    фæндаг рацагурынæн,  кæцы  райсгæ  уыдзæн.

Мах æххæстæй  сæ  фарс  хæцæм  сабырадон  æмбырды  бар æмæ дзырды  сæрибарæн.   Сидæм алкæмæ, чидæриддæр ацы  бар æххæстгæнæг у,  закъон хъахъъхæнгæйæ  æм  конституцийы  фæлгæтты  архайынмæ. Сидæм  алы фарсмæ,  бацархайæт  бæстæйы интерестæм куыд  æмбæлы  афтæ», –  банысангонд у  фидиуæны.