Гуырдзыстоны æввахс бонты  уыдзæн хъарм æмæ хуырджын боныгъæд
Гуырдзыстоны æввахс бонты уыдзæн хъарм æмæ хуырджын боныгъæд

Æрдзы националон агентады  информацийæ, Гуырдзыстоны  æввахс бонты  хъарм æмæ хуырджын боныгъæд лæудзæн.

«15-18 октябры Гуырдзыстоны уыдзæн хъарм æмæ хуырджын боныгъæд.  Уæлдæфы  ткмпературæ  хурныгуылæн Гуырдзыстоны +27,+32, æрмæст  хурыскæсæн  Гуырдзыстоны та  +23,+28 градус  у æнхъæлмæ кæсинаг. 19 октябры хурныгуылæн Гуырдзыстоны   уардзæн къæвда  æмæ  абаргæйæ  фæуазал уыдзæн.

Тбилисы   хъарм æмæ хуырджын боныгъæд.  Уæлдæфы температурæ +25,+27  градус  сфиксир уыдзæн» –  банысангонд у  æрдзы националон  агентады  информацийы.