Гуырдзыстоны æввахс бонты  æнæстабилон боныгъæд  уыдзæн
Гуырдзыстоны æввахс бонты æнæстабилон боныгъæд уыдзæн

Гуырдзыстоны æппæт  территорийыл  æввахс бонты  дæргъы лæудзæн  æнæстабилон   боныгъæд, уый  нымæцы  хурыскæсæн Гуырдзыстоны  дымгæ æмæ къæвдай фæтынг у  æнхъæлмæ кæсинаг.  Уый фæдыл  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн   æрдзы националон агентады минæвар,  синоптик  Додо Гвазава  фехъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ  абон,  боны фыццаг æрдæджы,  хурныгуылæн Гуырдзыстоны  фылдæр районты  уардзæн, иуæй-иу  рæтты  арвнæрд уыдзæн,  гæнæн ис,  фылдæр интенсивон  хохджын районты.

Хурыскæсæн Гуырдзыстоны тыххæй  куы зæгъæм,  уæд  сом  бонæй   уæлдæф  максималон температурæ  уыдзæн 23-25  градусы.

Синоптикты прогнозæй, Тбилисы   сом  гæнæн ис  бынтон  æнæкъæвда  ацæуа  бон, уæлдæф та гæнæн ис  25  градусы онг схъарм уа.

«Æддаг  сыхты  фæтынг дæр уыдзæн  ныгуылæны æрдæм  дымгæ.  Уымдæр  сур боныгъæд у æнхъæлмæкæсинаг,  16:00-17:00  сахаты онг.   11  майы онг  æнæстабилон боныгъæд у  æнхъæлмæкæсинаг  сæйраг горæты. Уæлдæфы  випапйды  фæуазал æнхъæлмæ  кæсинаг у  10  майы.  Гæнæн ис  14-16 градусы  онг æрхиза температурæ», -банысан кодта  Додо Гвазава.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ 11  майæ  сæйраг горæт æмæ  хурыскæсæн Гуырдзыстоны дæр боны  фыццаг æрдæгæй,  сур боныгъæд у  æнхъæлмæ кæсинаг.

«Фæлæ  изæры сахатты  цух нæу уый, цæмæй  боныгъæд фæфыддæрдæр уа сæрмгондæй  та  Кахеты. Цыбыр  кæъвда æмæ,  гæнæн ис,  ихуард уа  уæлдæфы  виппайды  съхармы тыххæй»,-  бафтыдта  ма Додо Гвазава.