Гуырдзыстоны æппæт территорийыл  абон  боныхъæд  фæфыддæрдæр уыдзæн
Гуырдзыстоны æппæт территорийыл абон боныхъæд фæфыддæрдæр уыдзæн

Синоптиктæ  бæстæйы  масштабæй   абон   боныхъæд фæфыддæры  прогноз дæттынц.   Сæ   ныхæстæм  гæсгæйæ, 13  январы  температурæ  æппæт  Гуырдзыстоны  территорийыл фæуазал  уыдзæн.

«Абон  Гуырдзыстоны   боныхъæд  æнæстабилон у.  Сæрмагондæй  та  ныгуылæн Гуырдзыстоны  фылдæр районты   уардзæн  къæвда  ныллæг  рæтты,  бæрзæндтæ  æмæ уæлхох  районты  уардзæн  мит. Дымдæзн ныгуылæны æрдæм  дымгæ 10-15  м/с тагъдадæй,  иуæй-иу  рæтт  гæнæн ис   17-22   м/с онг дæр  фæтыхджын уа» –  райхъусын кодта  æрдзы  националон   агентады синоптик  Нона Элисашвили.

Скæсæн Гуырдзыстоны   иуæй-иу  районты   æнхъæлмæкæсинаг  сты дæлдзырæттæ, фылдæр  уæлхох  районты,  миты хуызæй.  Дымдзæн   ныгуылæны   æрдæм дымгæ,  17-22   м/с тагъдадæй.  Тæрфы   максималон    температурæ  5-10  градус  уыдзæн,  уæлхох  районты   0-5  градус,  æппæты  уæллаг зонæты   0.5 хъызт.

«Тбилисы   фылдæр сур боныхъæд  лæудзæн.  Уæлдæфы  максималон температурæ  боны дæргъы   уыдзæн аст градусы онг.   Дымдзæн   цæгат-ныгуылæны  дымгæ,  кæцы  горæты  æддаг  сыхты  гæнæн ис  17-22   м/с фæтыхджындæр уа», –  хъусын кæны  Нона Элисашвили.

Афтæдæр  йæ  ныхæстæм гæсгæ, 14  январæй   Гуырдзыстоны  æппæт территорийыл   рахъарм уыдзæн  æмæ фылдæр   сур бонтæ  лæудзæн.   Æхсæвы  абаргæйæ   фæтыхджындæр уыдзæн  хъызт æмæ   температурæ  фæныллæгдæр уыдзæн.