Гуырдзыстоны æмбырдгонды ног тренерæй ссис францаг Вилли Саньол
Гуырдзыстоны æмбырдгонды ног тренерæй ссис францаг Вилли Саньол

Гуырдызстоны  æмбырдгондæн футболы  ног  сæйраг тренерæй ссис  францаг  Вилли Саньол –  уый фæдыл уынаффæ  футболы федерацийы  æххæстгæнæг комитеты  рабадтыл рахастой.

Æмбырдгондæн сæйраг тренер  нæ уыд   3 мæйы.  12  ноябры  Евро 2020-ы  плейофы  финалы  Цæгат Македониимæ  æмбылды  *0:1)  фæстæ словакаг  Владимер Вайс  йæ  постæй  йæхи суæгъд кодта,  уый фæстæ  «дзуардарджыты»  сæйраг тренеры бынат уыд вакантон.

Æмбырдгондæн  Саньол уыдзæн 16-æм æмæ дыккаг францаг тренер  Ален Жиресы фæстæ. 43 аздзыд  специалист  хъазыд  «Сент-Этьены» (1995-97), «Монакойы»,  Мюнхены «Байерны», уыдис Францы национ æмбырды  уæнг  (58 матчы).

Тренеры  кареьрæйы дæргъы  та ахæм  клубтæн разамынд кодта – «Бордо»,  Мюнхены «Байерны» сæйраг тренеры  Карло Анчелоттийы  ассистентæй,   иухатт та  сæйраг  тренеры хæстæ дæр æххæст кодта.  Уыдис афтæдæр Францы 21 азы онг кары  сæйраг тренер.  У Чемпионты Лигæйы уæлахиздзау  æмæ Дунейы чемпионаты финалист.

Ног сæйраг тренер  æмбырдгонд бацæттæ кæндзæн  Дунейы Чемпионаты равзарæн  этапы  фембæлдтæм – 25 марты  Стокгольммæ  фæуазæг уыдзæ н Швецийы æмбырдгондмæ,  28-ы та  «Динамо-Аренæйыл» сфысым кæндзæн  Исмпанийæн, æрмæст 31-æм марты  Салоникийы  «Стадио Тумбайыл»  фембæлдзæн Грецийы  æмбырдгондимæ.