Гуырдзыстоны æмбырдгонд ватерполойæ абон Уæрæсейы балимæ схæцдзæн| Будапешт 2020
Гуырдзыстоны æмбырдгонд ватерполойæ абон Уæрæсейы балимæ схæцдзæн| Будапешт 2020

Венгрийы  сæйраг  горæт  Будапешты   цæугæ   Европæйы  чемпионатыл   ватерполойæ,   20   январы  Гуырдзыстоны  националон  æмбырдгонд    иттæг нысаниуæгджын матч  ахъаздзæн.  Плейофмæ  ахизæг Гуырдызстоны  æмбырдгонд   Уæрæсейы   æмбырдгондыл  фембæлдзæн  æмæ   уæлахиздзинады  цауы,   историйы  фыццаг хатт  суыдзæн  Европæйы   аст сеппæтæй  хуыздæр  балтæй  сæ  иу.

Къордон этапыл   гуырдзиаг  спортсментæ   Францы  æмбырдгонд басастой,  уый фæстæ та,   Италийы æмæ  Грецийы   тынг  фидар  æмбырдгæндæтæн амбылдтой  æмæ æртыккаг бынат бацахстой. Уæрæсейы  æмбырдгондта,  къорды  мидæг  дыууæ матчы  фембылд ис – Серби æ мæ Румыниимæ  æмæ    дзы  æрмæст Нидерландты æмбырдгонд  басаста, фæлæ   дыккаг  бынат бацахста.

Матч  Гуырдзыстоны æмæ  Уæрæсейы  æхсæн абон,  Тбилисы  рæстæгæй  20:30  сахатыл  райдайдзæн æмæ йæ  комкоммæ  репортаж  равдисдзæн   Гуырдзыстоны  Фыццаг Канал.