Гуырдзыстоны  æмбырдгонд  Сомихыстоны ныхмæ -  абон  21:00 сахатыл, Гуырдзыстоны Фыццаг Каналыл
Гуырдзыстоны æмбырдгонд Сомихыстоны ныхмæ - абон 21:00 сахатыл, Гуырдзыстоны Фыццаг Каналыл

15  ноябры  Нациты Лигайы  С2 къорды  5-æм туры  Гуырдзыстоны  националон æмбырдгонд  футболы «Динамо-Аренайыл»  сфысым  кæндзæн Сомихыстоны æмбырдгондæн.

Гуырдзыстоны  æмбырдгонд, Цæгат Македониимæ  иумæ, Нациты Лигайы  С2 –къорды  фæйнæ  6-баллимæ   сты лидертæ  æмæ ма баззайгæ  дыууæ  фембæлды (Сомихыстоны фæстæ  Эстониимæ)  фæуæлахизы цауы,  фыццаг бынат бацахсыны  шанс ис. Уый та  рангæй   бæрзонддæр  В   дивизионмæ   ахизыны  фадат  ратдзæн.

Гуырдзыстон-Сомихыстоны  фембæлд  ацæудзæн   афтид   трибунæтимæ.  15  ноябры   матч  21:00 сахатыл  ацæудзæн – фембæлды комкоммæ  телерепортаж   равдисæн  Гуырдзыстоны  Фыццаг Канал.