Гуырдзыстоны æмбырдгонд Эстонийы ныхмæ -  абон, 21:00 сахатыл, Гуырдзыстоны  Фыццаг Каналыл
Гуырдзыстоны æмбырдгонд Эстонийы ныхмæ - абон, 21:00 сахатыл, Гуырдзыстоны Фыццаг Каналыл

Абон  18 ноябры, Гуырдзыстоны нациоанлон  æмбырдгонд  футболы, 2020 азы  фæста фембæлд Динамо-Аренайыл  ахъаздзæн.  Гуырдзиаг  футболисттæ   схæцдзысты Эстонийы  æмбырдгондимæ. Рамаз Сванадзейы  къухдариуæгæй, Гуырдзыстоны националон æмбырдгонд   UEFA-ы Нациты Лигæйы 2020/21 азы  равзарæн ерысы æхсæзæм фембæлд ауадздзæн.

Хатдзæгон туры  размæ С лигæйы  2-аг  къорды   9 баллимæ  лидер  у  Цæгат Македонийы  æмбырдгонд. Сомихыстоны æмбырдгондмæ ис  8 баллы. Гуырдзыстонмæ -6 баллы, æрмæст 2 баллимæ  фæстаг бынатыл ис Эстонийы  æмбырдгонд.  18 ноябры  Сомихыстон  нейтралон стадионыл  Кипры, фембæлдзæн Цæгат Македонимимæ.

Гуырдзыстоны æмæ Эстонийы футболы æмбырдгæндты  матч  18 ноябры, 21:00 сахатыл, Динамо Аренайыл  ацæудзæн. Фембæлды  комкоммæ репортаж равдисдзæн Гуырдзыстоны Фыццаг Канал.