Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн кусынмæ  Туркмæ ацæуын сæ бон уыдзæн,  Туркæй куыстдæттæгы  лæвæрд  официалон  хуынды  бындурыл
Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн кусынмæ Туркмæ ацæуын сæ бон уыдзæн, Туркæй куыстдæттæгы лæвæрд официалон хуынды бындурыл

Гуырдзыстоны  алы  æмбæстаг,  кæцыйы  бафæнддзæн  Туркмæ  кусынмæ  ацæуын,  хæсджын уыдзæн  Туркæй,   æмбæлон   куыстдæттæгы лæвæрд  æртæмæййон  официалон æвдисæнгæххæст бавдисын, – уый фæдыл  уынаффæ  координацион советы абоны рабадтыл   райстой.

Аъчарайы   хицауады  сæрдары,  Торнике  Рижавадзейы   фидиуæнæй,   Гуырдзыстоны  æмбæстæгты, фæстæмæ æрыздæхыны фæстæ  бахъæудзæн карантины ражиммæ  ахизын.

«Абон координацион советы  рабадтыл фæуынаффæ кодтам   уыцы  æмбæстæгты фæдыл, кæцыты фæнды   Туркмæ кусынмæ ацæуын.  Уымæ гæсгæ  дæр рахастам уынаффæ, цæмæй   Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн æмæ фыццаджы дæр, кæй зæгъын æй хъæуы,  Ачъарайы  цæрджытæн, Туркы  Республикæйæ  куыстдæттæгы  лæвæрд  æртæмæййон официалон  бахуынды  бындурыл  уыдзæн сæ бон  Туркмæ  кусынмæ  ацæуын.  Фæлæ  фæстæмæ æрыздæхыны рæстæджы, хæсджын уыдзысты   карантины режиммæ ахимзын.  Уый тыххæй  дæр, æнæкæсгæ  уымæ, цæмæй   эпиуавæр абсолютонæй   контролгонд у,  махæн нысаниуæгджын у  алы хуызы змæлд, уый нымæцы арæныл,  уый нымæцы  куысты æфсонæй, æххæст цæуа  конкретон регуляцитæ  æмæ мадзæлттæ.  Растдæр уый тыххæй, Гуырдзыстоны  алы  æмбæстаг,  кæцыйы  бафæнддзæн  Туркмæ  кусынмæ  ацæуын,  хæсджын уыдзæн  Туркæй   æмбæлон   куыстдæттæгы лæвæрд  æртæмæййон  официалон æвдисæнгæххæст бавдисын», – райхъусын кодта Ачъарайы   хицауады  сæргълæууæг  Торнике Рижавадзе.