Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ Италийæ спецрейсæй  æрыздæхтысты
Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ Италийæ спецрейсæй æрыздæхтысты

Италийæ,  сæрмагондæй та  Ромæй  Гуырдзыстонмæ дыууæ хæдтæхæгæй  Гуырдзыстоны 156  æмбæстаг æрыздæхтис.

Ратæхыны онг  уыдоны басгæрстой  æмæ  сæ иумæ дæр нæ фæбæрæг ис   коронавирусы  симптомтæ.

Æнæкæсгæ уымæ,  уыдон Гуырдзыстоны ногæй  басгæрст æрцæудзысты,  цæй  фæстæ дæр, превенцийы нысанæй, алчидæр сæ  14 бонон карантинмæ ахиздзæн.

«Транспортацийы  рæстæджы  æххæстæй  нæ  зæрдыл бадардтам  Дунейы  æнæнизхъахъъæды  организацийы  æмæ Америкæйы низты  контролы  центры  рекомендацитæ  уый тыххæй, цæмæй  æдасæй ацæуа сæ траснпортаци фыдыбæстæмæ.  Рейсыл  афтæдæрис медицинон персонал, цæмæй цалынмæ хæдтæхæгмæ ысхизыны размæ  аыдаиккой  басгæрст.  Бæлццæттæ  адих сты  дыууæ  бортыл, аы райуæрст дæр   æрцыд Æнæнизхъахъхъæды  Дунейы Организацийы  рекомендацитæм æмбæлгæйæ.  Сæ  уавæр  у æвæрццаг.  Симптомтæ  сæ иумæ  дæр нæ фæбæрæг сты, фæлæ  æрцыды фæстæ та ногæй  бахъæудзæн  æрбацыды  скриниг, сбардзысты  сын тæвд, афтæдæр эпидемиологион  аргълæвæрд  æмæ  сæ  алчидæр  ацæудзæн дыууæ къуырион  карантин, хицауады  барамындæй  ныридæгæн  æнæмæнгхъæугæйæ  бæлвырд куыд  у  афтæ.

Бæстæйы ис  10 каратины  тыгъдад, æмбæстæгты райуардзысты  аы  тыгъдадтыл,  аласдзысты  сæ  транспортон  фæрæзтæй, хъæугæ  цауы  та,  тагъд  медицинон æххуысы  хæдтулгæтыл, кæд æмæ искæцы бæлццонмæ  рабæрæг уа  симптомтæ, уæд æй  фæхæццæ кæндзысты  инфекцион рынчындонмæ. Карантины  тыххæй,  уыдоны алкæй дæр бафæдзæхстой.  Карантин у  æнæмæнгхъуæгæ,  раззаг рейсты  фæстæ, хъыгагæн сфиксир ис  бирæ  цау,  адæм куы нæ разы  кодтой  карантиныл  æмæ  иу  тыхыбын свæййæм  сæ  бауырнын кæнын.  Растдæр уый тыххæй,  низты  контролы  центр  æмæ æз дæр кусдзыстæм æмæ  сын бамбарын кæндзыстæм  ноджы иу хатт,   цас нысаниуæгджын  у карантин,  куыд уыдонæн  сæхи, афтæ  сæ  хæстæджыты  æмæ мах алкæй  æдасдзинадæн.  Ныфс мæ ис, алы бæлццон дæр  æмбаргæ  ахаст равдисдзæн  æмæ максималонæй бæрнон уыдзæн» –  райхъусн кодта  Æнæнизхъахъхъæды министры  хæдивæг Тамар Габуниа.