Гуырдзыстоны æмæ Сомихыстоны  æмбæстæгтæн дыууæ бæстæйы арæныл ахизын сæ бон уыдзæн, «Айди» картæтæй
Гуырдзыстоны æмæ Сомихыстоны æмбæстæгтæн дыууæ бæстæйы арæныл ахизын сæ бон уыдзæн, «Айди» картæтæй

Гуырдзыстон æмæ Сомихыстоны  æмбæстæгтæ   дыууæ бæстæйы   æхсæн арæныл ахизыны рæстæджы   «Айди»  картæтæй  пайда  кæндзысты.   Сомихаг  агентад  «Ньюс Ам»-куыд  хъусын кæны,  афтæмæй,  зæгъгæ   уый фæдыл Сомихыстоны  Националон Æмбырды  рабадтыл  депутатты   фарстытæн дзуаппы рæстæджы  премьер-министр, Никол Пашинян   райхъусын кодта.

Йæ ныхæстæм æгсгæ,   Сомихыстон  æмæ Гуырдзыстон æмбæлгæ  пъланы фæдыл   меморандум бафыстой.

«Йæ  сыххæст фæстиуæгæн.  Æмбæстæгтæм  лæвæрд уыдзæн  фадат, арæныл  «айди» картæтæ  бавдисгæйæ ахизой. Æрныхас кодтам   ацы документы сыххæстмæ  æрывналын», –  райхъусын кодта  Сомихыстоны премьер-министр.

Фæнысангонд  бадзырдыл дыууæ  бæстæ, 3-4  марты   Никол Пашиняны   Гуырдзыстонмæ  визиты рæстæджы  бафыстой  къухтæ.  Ацы  афонмæ  Гуырдзыстон æмæ  Сомихыстоны арæныл ахызт,  ацы  дыууæ бæстæйы  æмбæстæгтæн æрмæст паспорт бавдисгæйæ   уыд  сæ бон.

Сомихаг медиа  куыд  фыссы,   афтæмæй,   зæгъгæ нырма   бæрæг  нæу,   кæд   бахиздзæн йæ тыхмæ   ацы   скуыддзаг.