Гуырдзыстоны æддагполитикон уагдон -  Мæскуыйы, 3+3 форматы фембæлдыл бавдыст уыд Гуырдзыстоны тырыса, кæцы факт махæн   нæрайсгæ у
Гуырдзыстоны æддагполитикон уагдон - Мæскуыйы, 3+3 форматы фембæлдыл бавдыст уыд Гуырдзыстоны тырыса, кæцы факт махæн нæрайсгæ у

10 декабры  Мæскуыйы  3+3  форматы фембæлдыл бавдыст уыд  Гуырдзыстоны тырыса, кæцы факт,  кæй  зæгъын æй хъæуы,  махæн нæрайсгæ  у, –  уый фæдыл  дзырдæуы   Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады коммуникацийы   директораты комментарийы мидæг.

Афтма сæ хъусинагæй,   ууыл уагдонæн  æмбæлгæ дипломатон  каналты фæрцы уыд реагирдзинад.

«Гуырдзиаг фарс  æнæиу хатт  сфиксир кодта  сæрмагонд  дырыс позици 3+3 форматмæ гæсгæ, ома нæ  нымайæм  фæнысангонд форматы  Гуырдзыстоны  хайад растыл.  10 декабры  Мæскуыйы  ацæугæ фембæлдыл бавдыст уыд   Гуырдзыстоны тырыса, кæцы факт,  махæн, кæй зæгъын æй хъæуы,  нæрайсгæ у, мæ цæуылдæр  æмбæлгæ  дипломатон каналты  фæрцы  уыдис регирдзинад», – банысангонд у æддагполитикон уагдоны  коммуникацийы   директораты комментарийы.

3+3 –йæ  хуынд  форматы  фæлгæтты фыццаг фембæлд  Мæскуыйы  10  декабры  ацыд.  Фембæлдыл  уыдысты  Турчы, Уæрæсейы, Ираны, Азербайджан æмæ  Сомихыстоны  делегацитæ, фæсарæн хъуыддæгты министрты  къухдариуæгæй.  Фембæлды онг иу бон раздæр, Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  уагдон  ахæлиу кодта фидиуæн, кæцыйы мидæг  банысангонд уыд, цæмæй  а.х.  3+3  форматы фембæлдыл, Гуырдзыстоны тырыса  бавдыст  нæ уыдаит.  Уагдоны куыд райхъусын кодтой, афтæмæй,  Гуырдзыстон  фæнысангонд  форматы хайад райсын нæ хъавы.