Гуырдзыстоны æддагполитикон уагдон -  Алы бæлццон хъуамæ пайда кæна æдасæй балцы сæрибрæй, сæ тыхыбын  бауромын æнæруадзгæ у
Гуырдзыстоны æддагполитикон уагдон - Алы бæлццон хъуамæ пайда кæна æдасæй балцы сæрибрæй, сæ тыхыбын бауромын æнæруадзгæ у

Бæлццæттæ иууылдæр хъуамæ  спайда кæнæт  æдас балцы  сæрибарæй,  тыхæй сæ баурæд у бынтон æнæруадзгæ, –  уый фæдыл банысангонд у  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады ахæлиугонд фидиуæны, кæцы  Белорусы  авиакомпани «Райанэары»  хæдтæхæгы тыхыбын сбадын кæнынмæ æххæссы.

«Разы стæм «Райанэары»  рейсы  æдас æрбадтæй  йæ сæрыфыццаг  нысангонд  ран – Вильнюсы æмæ   райгонд стæм  бортыл  уæвæг  адæм нысангонд  ранмæ  кæй  ныххæццæ сты.   Алы бæлццон хъуамæ пайда кæна  балцы сæрибарæй. Сæ тыхыбын  баурæд  бынтон æнæруадзгæ у», – дзырдæуы  фидиуæны.

«Райанэары»  хæдтæхæг Афинæтæ-Вильнюсы  рейс æххæст кодта.  Беклорусы уæлдæфон тыгъдадмæ бахизыны фæстæ,  уыйы, бортыл  рæмудзæн гарзæгы уæвыны мæнгæфсонæй тыхыбын сбадын кодтой.  Хæдтæхæджы æрбадты фæстæ,  бортыл уæвæг  оппозиционер  журналист Роман Протасевичы  æрцахстой, кæцыйы  Белорусы  хицауад аххосджын кæны  массон змæстытæ  организацидзинады.  Ахæлиугонд хъусинагæй,   хæдтæхæгы фæдыл  аэропорты онг   авиакуынæггæнæг – «Миг-29»  зылдис. 2 сахаты дæргъы  сгæрсты  фæстæ,  хæдтæхæджы  рæмудзæн   гарзæг не ссардæуыд  æмæ  хæдтæхæг Вильнюсмæ атахтис.