Гуырдзыстоны  абонæй  скуыстой  базартæ æмæ  моллтæ  [фото]
Гуырдзыстоны абонæй скуыстой базартæ æмæ моллтæ [фото]

Гуырдзыстоны абонæй   кусын сногкодтой  алы типы  базарадон объекттæ, базартæ æмæ моллтæ.

Базарадон объектты  бахъæудзæн  бæрæг домæнтæ æххæст кæнын.   Моллты  тыххæй  куы зæгъæм, уæд   уым  архайынц  вентилляцийы  специалон домæнтæ.  Хъуамæ  уа  сыгъдæг,  æддæйæ æрбайсгæ  уæлдæф, бæлвырд 40  процентæй  фылдæр.  Базарты та, хъуамæ уа  иумæйаг бацæуæн  æмæ   рацæуæн, æмæ ххæст хъуамæ  цæуа термоскрининг.  Афтæма, æнæмæнгхъæугæ у  тæрхæгыл  арызт уа   барьертæ,   кæцы  фæкаддæр кæндзæн   контакттæ.

19 марты ист уынаффæйæ,  Гуырдзыстоны æхгæд æрцыд алы типы  базарадон объекттæ,  хæлцадон магазинтæй, афтектæй,  бензинæйрæвдзгæнæн станцæты, постон хайадты æмæ  банкъон  хайадтæй  дарддæр.

Арæнæвæрдтæ фæрогдæр кæныны  фæлгæтты,  27  апрелæй  Гуырдзыстоны,  гом типы  аграрон базартæ  скуыстой.

11 майæ Гуырдзыстоны  байгом сты цыфæнды хуызы  иугай æмæ ставд бзайрагæй  архайæг  магазинтæ, кæцытæн бацæуæн ис  уынгы æрдгæй,  дарæс æмæ  къахыдарæсæй  базаргæнæг объекттæй дарддæр.  Арæнгонд уыдис  моллты  куыст дæр.  Абонæй фæнысангонд  арæнæвæрд  бынтон ивд æрцыд  æмæ æмбæлгæ  домæнты сæххæсты  цауы,   кусын сног кæндзæн  цыфæнды типы  базарадон  объект.