Гуырдзыстоны 600 минæй фылдæр æмбæстæгтæн хардзгондыл нымад æрцæудзæн банкъыты, онлайн организациты æмæ æндæр финансон институтты цы хæс дарынц, уый [видео]

Гуырдзыстоны  600 минæй фылдæр æмбæстæгтæн  банкъыты, онлайн организациты  æмæ æндæр финансон институтты цы хæс  дарынц, уый  сын хардзгондыл нымад æрцæудзæн. Уый тыххæй,  Гуырдзыстоны премьер-министр  Мамука Бахтадзе,  хицауады абоны рабадты райдаыны размæ   райхъусын кодта.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ,   хæсты  сфыссыны  процесс райдайдзæн 15 декабры  æмæ  31-æм декабры онг фæуыдзæн.

Афтæма,  премьер-министр  куыд банысан кодта,  хæсты сфыссыны процесс, сæххæст уыдзæн  фонд «Картуйы» руаджы.

«Стыр бузныг фонд «Картуйæн». Фонды æххуысы руаджы нын бантысдзæн иттæг   нысаниуæгджын инициативæйы  реализаци.  Фæнды мæ бамбарын кæнын  дзыллæйæ –  а.х. сау номхыгъды  фиксиргонд хæсты   зæгъæн ис 95% сты  уыцы кредиттæй, кæцыйы сæйраг суммæ нæу   2000  ларийæ  фылдæр. Дзырдæуы  600 мин æмбæстагы финансон хæстыл, банкъыты, онлайн организациты кæнæ æндæр финансон  институтты  æрдæм, кæцы æмтгæй  райсгæйæ  у миллиард æмæ æрдæг ларий  бæрц.  Абоны  уынаффæйæ,   ацы  хæстæ  æрфысдзысты не  мбæстæгтæн.  Фæнысан кæнинаг у, цæмæй категоримæ хауынц   социалонæй  æнæхъаххъхъæд  æмæ   амалхъомдзинад цух  æмбæстæгтæ.  Ныр цæуы куыст  хæсдарджыты  реестры  базæтыл.  Кредитты  нулы онг æрфыссыны  процесс  райдайдзæн 15 декабры æмæ   31 декабрмæ фæуыдзæн», – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.