Гуырдзыстонмæ  спецрейсæй  æрластой 40 мин «PCR»тест æмæ антибуæртты  20 мин тесты
Гуырдзыстонмæ спецрейсæй æрластой 40 мин «PCR»тест æмæ антибуæртты 20 мин тесты

Тбилисы  æхсæнадæмон аэропорты сыххæст ис   Пекинæй  специалон рейс, кæцыйæ Гуырдзыстонмæ   æрластой  52 тоннæ  уаргъ, уый нымæцы   40 мин  «PCR»тест, афтæдæр  индивидуалон  хихъахъхъæнæн  фæрæзтæ –  комбинезонтæ,  æрмхудтæ  æмæ  æндæр медицинон  дзаума.

Афтæдæр ацы  рейсæй æрластой  антибуæртты  20 мин тесты, кæцы  Гуырдзыстонæн  Китайы   хицауад   балæвар кодта.   Бадзырдты  активон хайад иста   Гуырдзыстоны  æххæсбарджын минæвар  Китайы.

Чартерон  рейс сыххæст кодта аивакомпани  «Джеоскай».

Тбилисы  æхсæнадæмон аэропорты  Китайæ æрцæугæ  тестты   хæдтæхæгæй  равгæды  процессмæ  йæ цæст дардта   оккупацигонд  территоритæй   лигхдæтты, куысты, æнæниздзинад æмæ  социалон хъахъхъæдады  министр  Экатерине Тъикъарадзе.

Æнæнизхъахъхъæды министр  бæстæйы  эпидемиологион уавæры æвæрццагæй   куы  баззайа  уый фæдыл рекомендацитæ карзæй  хъахъхъæныны  æнæмæнгхъæуындзинад бахахх кодта.

«Бæстæйы вирусы апарахатмæ гæсгæ   фæзындтæ   тынг кæнынц  тынг æвæрццагæй.  Абоны бонмæ  тынг   дзæбæх  фæразæм   вирусы хæлиукæнынадæн  æмæ   уымæ  æмбæлгæйæ, уыцы  пикъыкæцыйы  тыххæй   рагафонæй  хъусын кодта апрелы  кæронмæ, не æрлæууыд, фæлæ  нын уый  уæддæр нæ  дæтты уæнгуагъды бар. Иттæг нысаниуæгджын  у, цæмæй  банхъæлмæ кæсæм   алы  мадзæлтты лæмбынæг æххæст кæнын, цæмæй   фæстæдæр ма  æрлæууа   уæлæмхас  æнхъæлцау  пикъ, кæцыйы æвæццæгæнад нæ бон у  рагафонæй   фæбæрæг кæнын  Æнæниздзинад Хъахъхъæнынады  æппæтдунейон организаци нæм  цы  программæтæ æмæ  инструменттæ  æрбадæтта  уыдоны фæрцы.  Кæд мах ады рекомендацитæ  æххæст кæндзыстæм  æмæ  инфекцийы  апарахат   контролы бын дарын бахъом уыдзыстæм, уæм нæм уыдзæн фадат  цæмæй Гуырдзыстоны   пандемийы   пикъ  ма  сфиксир уа.  Æндæр цауы,   рискъ  бæрзонд у»  –  райхъусын кодта  Экатерине Тъикъарадзе.