Гуырдзыстонмæ абон АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Майк Помпео дыууæ бонон визитæй фæуазæг уыдзæн.
Майк Помпео Тбилисмæ боны дыккаг æрдæджы æрцæудзæн, официалон фембæлдтæ та райсом, сæумрайсомæй райдадзæн.
Визиты фæлгæтты Майк Помпео фембæлдзæн Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилиимæ, премьер-министр Гиорги Гахариаимæ, фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалианиимæ æмæ Æппæт Гурдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккагимæ. Паддзахадон нымæрдар афтæма фембæлдзæн Гуырдзыстоны æмбæстагон дзыллæйы минæвæрттимæ.
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийæ, паддзахадон нымæрдары визиты фæлгæтты бæрзонд рангы фембæлдтыл каст цæудзæн АИШ-Гуырдзыстоны стратегион партнерады хартийæ бæрæг приоритетон ардæмадтæ æмæ бæстæты æхсæн уæвæг фидар æмгуыстад дарддæр фæарфдæр кæныны перспективæ, куыд хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады, афтæ базарад æмæ экономикæйы æрдгæй, демократийы, адæмты æхсæн контактты, ахуырады æмæ культурон баивды сферæты.
Афтæма сæ информацийæ, визиты фæлгæтты цæугæ фембæлдтыл фарсытæ æркæсдзысты Гуырдзыстоны æмæ регионы уæвæг æдасдзинады æрдгæй уавæр æмæ бæстæты æхсæн æмгуыстад регионон æмæ æхсæнадæмон æдасдзинад фæфидар кæныны нысанæн. Фарсытæ афтæдæр фæуынаффæ кæндзысты Гуырдзыстоны цæугæ демократон æмæ экономикон реформæтæ.