Гуырдзыстонæй Израилы æмбæхсæн агурджыты  нымæц 70 процентæй фæкъаддæр ис
Гуырдзыстонæй Израилы æмбæхсæн агурджыты нымæц 70 процентæй фæкъаддæр ис

Гуырдзыстонæй   Израилы  лигъдон агурджыты  нымæц  70 процентæй  фæкъаддæр ис. Бæрæггæнæнтæ «Хаарецы» (Haaretz) статийы  сты публикацигонд.

Израилы  цæрджыты  æмæ имиграцийы   куысты  хъусинагæй,  2017 азы  æмбæхсæн  Израилы, Гуырдзыстоны 1 351  æмбæстаг æркуырдта, 2018 азы та ацы уынинаг  фæкъаддæр ис 399 ы онг.

Куырдиæтты  нымæцы фæкъаддæры, Израилы  2017 азы  ист  скуыддзæгтимæ бæттынц,  Гуырдзыстоны  æдас  бæстæйыл куы  банымадтой  уæд.  Уый фæстиуæгæн   фенцондæр ис  æмбæхсæн агурджыты  куырдиæтты  каст æмæ сыл  æппæрццаг  дзуаппытæ  раттын.

Haaretz- амоны,  цæмæй  2018 азы Израилимæ нæ бауагътой   Уæрæсейы, Украинæйы, Молдовæйы,  Гуырдзыстон æмæ Белорусийы  17 мин æмбæстагы.

«Нæзагъды  сæйраг æфсон  иммиграцийы  куысты  хъуыды у, цæмæй  æмбæстæгтæ  нал наууадздзысты бæстæ  закъонæй  бæрæг   æртæмæййон æмгъуыд аивгъуыды  фæстæ. Æрмæст иуаг  цауты  уыдис баст æдасдзинадимæ кæнæ криминалимæ», – фыст ис  статийы.

Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты  министрады  бæрæггæнæнтæй, Израилмæ  ацæуæг æмбæстæгтæй  алы  дæсæмы  зæгъгæ  фæстæмæ раздахынц.  Уагдоны  хъусинагæй, 2019  азы  январы, Израилмæ  Гуырдзыстоны 1 320  æмбæстаг ацыд, бæстæмæ бахизын та  бахъом сты æрмæстдæр  141.