«Гуырдзыстон Уæрæсейы ныхмæ» - цы уынаффæ рахаста  Страсбургы Тæрхондон
«Гуырдзыстон Уæрæсейы ныхмæ» - цы уынаффæ рахаста Страсбургы Тæрхондон

2008 азы  хæсты хъуыддагыл  Страсбургы  тæрхондон  уынаффæ фехъусын кодта.  Æмбæлгæ пресс-релиз  публикацигонд æрцыд  Адæймаджы барты Европаг Тæрхондоны  официалон  веб-фарсыл.

Хъуыддаг æххæссыд, Гуырдзыстоны хицауады хъастмæ, Уæрæсейы Федерацийы æрдгæй  конвенцийы æндæр æмæ æндæр  халыны фæдыл, 2008 азы  августы Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æхсæн  гарзджын  конфликтмæ гæсгæ.

Тæрхондон  сбæлвырд кодта, цæмæй хъуамæ фæхицæнтæ уа  æфсæддон архæйдтыты  активон фазæ (2008 азы 8-12 август)  æмæ  æндæр фæзындтæ, кæцы æрцыд  хæстон архæйдтыты активон фазæ банцады  фæстæ, кæнæ та æхст фæурæды фæдыл 2008 азы  12  августы бадзырды фæстæ.

Тæрхондон æркастис  фарсыты  бавдисгæ  фиппаинæгтæ æмæ  бирæ æндæр документ, афæтма  æхсæнадæмон  хицауадон æмæ  æнæхицауадон организациты хыгъдлæвæрдтæ. Уымæй уæлдай ма, тæрхондон байхъуыста  33 æвдисæнæй  бæлвырдгæнæнтæм.

Хъуыддаг бацахуыры фæстæ тæрхондон сбæлвырд кодта, цæмæй  хæцæн архæйдтыты  активон фазæйы рæстæджы (2008 азы 8-12 августы) æрцæугæ  фæзындтæ нæ уыдысты Уæрæсейы  юрисдикцийы  дæнлбар конвенцийы фыццаг статимæ гæсгæйæ (адæймаджы  бартæн цыты хæсист) æмæ куырдиаты фæнысангонд  хай, æнæруадзгæйыл банымадта.  Фæлæ  сбæрæг кодта, цæмæй Уæрæсейы Федераци  æххæст кодта «эффективон контроль»  Хуссар Ирыстоныл, Абхаз æмæ «буферон зонæыл»  2008 азы 12  августæй 10 октябры онг  периоды.  Фæнысангонд периоды фæстæ Уæрæсейы фидар минæварад  æмæ Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы  хицауадты  Уæрæсейы Федерацийыл бастдзинад, амыдта уый цæмæй, Хуссар Ирыстоныл æмæ Абхазыл  «эффективон контроль» дарддæр кодта.  Уымæ æмбæлгæйæ  тæрхондон аскуыддзаг кодта, цæмæй хæцæн архæйдтыты банцады  фæстæ æрцæугæ фæзындтæ  Уæрæссейы Федерацийы  юрисдикцийы дæлбар уыдысты  конвенцийы  фыццаг статимæ æмбæлгæйæ  (адæймаджы  бартæн цыты хæсист).

Сæрмагондæй, Адæймаджы Барты Европаг Тæрхондоны стыр палатæ рахаста уынаффæ:

  • 11 хъæлæсæй  6-ы ныхмæ,  цæмæй  хæцæн архæйдтыты  активон фазæйы рæстæджы (2008 азы 8-12 август)  æрцæугæ фæзындтæ  Уæрæсейы юрисдикцийы дæлбар не сты конвенцийы  фыццаг статимæ гæсгæйæ (адæймаджы  бартæн цыты хæсист);
  • 16 хъæлæсæй  иуы ныхмæ, цæмæй хæцæн архæйдтыты  банцады фæстæ (æхст фæурæды фæдыл 2008 азы  12  августы бадзырды фæстæ)   æрцæугæ фæзындтæ Уæрæсейы юрисдикцийы дæлбар сты;
  • 16 хъæлæсæй иуы  ныхмæ, цæмæй фæбæрæг ис  администрацион практикæ, кæцы йæ ныхмæ у конвенцийы  2-æм (царды бар), 3-æм (хъизæмары, æнæтæригъæд  кæнæ джелбетт ссæндæг ахасты кæнæ æфхæрды тобæ)  æмæ 8-æм статитæн (хисæрмагонд æмæ бинонты  царды хъахъхъæды бар) афтæма конвенцийы  уæлæмхасæн протоколы фыццаг статимæ (сæрмæмулкы хъахъхъæд).
  • Æмхъæлæсонæй, ома Цхинвалы Хуссар Ирыстоны тыхты æрдгæй  2008 азы 10-27 августы Гуырдзыстоны æмбæстæгты æрцахстытæ хауы Уæрæсейы юрисдикцийы дæлбар  конвенцийы  фыццаг статимæ æмбæлгæйæ (адæймаджы бартæн цыты хæсист);
  • Æихъæлæсонæй, цæмæй  бæрæг уыд администрацион практикæ, кæцы  нæбадгæ у конвецийы  3-æм статиимæ (хъизæмары, æнæтæригъæд  кæнæ джелбетт ссæндæг ахасты кæнæ æфхæрды тобæ) Гуырдзыстоны 160 сабыр æмбæстæгты  ахсты уавæрты æмæ адæймаджы джелбетт æгадгæнæг архæйдтыты тыххæй,   кæцы  нымад  хъуамæ цæуа  æнæтæригъæд  æмæ намыс æгадгæнæг ахастыл;
  • Æмхъæлæсонæй, цæмæй  бæрæг уыд  администрацион практикæ, кæцы нæбадгæ у  конвенцийы 5-æм статиимæ (сæрибардзинады æмæ æдасдзинады бар) 2008 азы августы Гуырдзыстоны æмбæстæгты  хибар  æрцахстыты фæдыл;
  • Æмхъæлæсонæй, цæмæй 2008 азы  8-17 августы Цхинвалы Хуссар Ирыстоны тыхтæ, гуырдзиаг хæстуацайрæгты æрцахст    Уæрæсейы юрисдикцийы дæлбар у конвенцийы  фыццаг статимæ æмбæлгæйæ;
  • 16 хъæлæсæй  иуы ныхмæ, цæмæй  бæрæг уыд  администрацион практикæ, кæцы нæбадгæ у конвенцийы 3-æм статиимæ (хъизæмары, æнæтæригъæд  кæнæ джелбетт æгадгæнæг ахасты кæнæ æфхæрды тобæ) гуырдзиаг  хæстуацайрæгты хъизæмары фæдыл;
  • 16 хъæлæсæй  иуы ныхмæ, цæмæй  Уæрæсейы юрисдикцийы дæлбар сты  Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ, кæмæндæриддæр  Хуссар Ирыстонмæ, кæнæ Абхазмæ  æрыздæхыны фадат нæ раттой;
  • 16 хъæлæсæй иуы ныхмæ, цæмæй  уыдис администрацион практиæ, кæцы  йæ ныхмæ у  конвенцийы 4-æм  уæлæмхасæн протоколы 2-æм статийæн ( дыууæрдæм змæлды сæрибар)  Гуырдзыстоны æмбæстæгты  сæрмагонд хæдзæрттæм  æрыздæхæн кæй  нæй уый фæдыл;
  • Æмхъæлæсонæй, ома  нæ фæбæрæг ис конвенцийы фыццаг уæлæмхасæн  протоколы  2-æм стати халынæн (ахуырады бар);
  • Æмхъæлæсонæй, ома Уæрæсейы Федерацимæ уыдис процедурон хæсист  конвенцийы дыккаг статимæ æмбæлгæйæ,  ауадза æнæ æрмæст   хæстон архæйдтыты  банцады фæстæ  æрцæугæ  фæзындты, фæлæ ма  афтæдæр   хæцæн архæйдтыты активон фазæйы рæстæджы æрцæугæ  фæзындты  адекватон  æмæ эффективон фæдагурыд;
  • 16 хъæлæсæй иуы ныхмæ, цæмæй  фæбæрæг ис конвенцийы  2-аг статийы  (царды бар)  процедурон халындзинады фактæн;
  • Æмхъæлæсонæй, цæмæй хъастгæнæг хицауады хъасты 13-æм статийы  æнедæр статитимæ æмбæрдзинад хицæнæй  æркæсыны  æнæмæнгхъæуындзинад нæй;
  • 16 хъæлæсæй иуы ныхмæ, цæмæй   дзуаппдæттæг паддзахад нæ сыххæст кодта  38-æм статийæ бæрæг  хæстæ;
  • Æмхъæлоæсонæй, цæмæй конвенцийы 41-æм статийæ спайдакæныны фæдыл фарст  нæу цæттæ уынаффæ рахæссынæн  æмæ  уымæ æмбæлгæйæ дæр  йæ аргъæвын хъæуы æххæстæй.