Гуырдзыстон  сеппæтæй амондджын бæстæты индексы 128-æм бынат ахсы
Гуырдзыстон сеппæтæй амондджын бæстæты индексы 128-æм бынат ахсы

ИНО-йы  арызт  æрвылазон   индексмæ гæсгæйæ, сеппæтæй  амондджын  бæстæты индексы  Гуырдзыстон 156 паддзахады æхсæн, 128-æм бынат ахсы.  Йæ фæдыл цæуынц  Сомихыстон 129-æм бынатыл, Украинæ та  -138 позицийыл.

Рейтингмæ гæсгæйæ,   Зæххыцъарыл  сеппæтæй  амондджыныл сæхи нымайынц Финляндийы. Ивгъуыд азы  фыццаг бынатыл  уыдис Норвеги. Хузыдæр фондзы æхсæн  сты Исланди, Дани æмæ Швейцари.

АИШ-æ æмæ  Стыр Британи   ахсынц  18-æм æмæ 19-æм бынæттæ.  Ацы аз,  сеппæтæй  тыхджын фæразæй ис  Того.  Ацы бстæ  рейтингы  17 бынатæй ацыд размæ,  æмæ  иуыл фыддæр   фæстиуæг та равдыста Венесуэла,  кæцы  20 бынатæй  бынмæ æрхызт.

Иртасæнмæ гæсгæйæ,   сеппæтæй æнамонд сæхи хатынц   Бурундийы æмбæстæгтæ.

Ацы азы хыгъдлæврды автортæ  афтæдæр публикаци скодтой  уыцы паддзахадты  индекс,   цы ран мигранттæ сеппæтæй  амондджынæй  хатынц сæхи,  æмæ ацы ранымады фыццаг бынат   ахсы Финлянди.

Амондджын бæстæты   рейтингы ИНО-йы  æрвылазонæй   баххæст кæны.  Иртасæны  150-йæ фылдæр  бæстæ исы хайад.  Алкæцы  паддзахады  1000  æмбæстагæн банхъарынц  10 баллы системæйæ аргъ скæной  цæмæй  цас  амондджынæй  хатынц сæхи  уыцы  бæстæйы кæцыйы дæр цæрынц.

Ацы рæстæджы, иртасæны  автортæ  сæ зæрдыл дарынц  æндæр   бæрæггæнæнтæ дæр,  сæ нымæцы  ис экономикон  райтынг,  социалон программæтæ,  царды  иуыл бæрзонд кар,  барæвзары сæрибардзинады хъæд æмæ  коррупцйийы æмвæзад.