«Регби Европæйы Чемпионат»-ы дыккаг туры Гуырдзыстоны æмбырдгонд, уазæгуат Мадриды, централон университеты стадионыл, Испанийы æмбырдгондимæ схæцыд æмæ карз тохы, йæ хыгъдæй 25:19 абырста.
Гуырдзыстоны æмбырдгонд ацы уæлахиздзинады фæстиуæгæн райста 4 баллы æмæ «Регби Европæйы» ацы азы сезоны таблицæйы фыццаг бынат ахсы фараст баллимæ. Бакой уын кæндзыстæм цæмæй «Регби Европæйы Чемпионаты» цæугæ æмæ фæдылдзог сезон, дунейы кубокы квалификацион этап дæр у æмæ уый тыххæй дæр алкæцы матчы фæстиуæг, сæрмагондæй нысаниуæгджын у.