Гуырдзыстон, Фиджийæн амбылдта  æмæ D къорды цыппæрæм бынатмæ ахызт | Япони 2019
Гуырдзыстон, Фиджийæн амбылдта æмæ D къорды цыппæрæм бынатмæ ахызт | Япони 2019

Японийы цæугæ Дунейы  Кубокыл  регбийы,  радон  матч  ахъазыд Гуырдзыстоны  æмбырдгонд. Нæ æндæогъ ацы хатт уыд  Фиджийы  националон æмбырдгорнд  æмæ  сахар Осакайы  Ханазонойы   регбийы  стадионыл   уагъд матч, фæцис хыгъдæй 10-45 сакъадахæгты  пайдайæн.

Фыццаг  Тайм  абаргæйæ  æмбæрц  тохы  ацыд (3-7),  дыккаг æрдæджы  та  фиджийæгты  уæлидзинад  æгæр фæбæрæг ис.

Ацы  састы фæстæ  Гуырдзыстоны æмбырдгондмæ  фæстæмæ  5 балл ис æмæ D къорды  цыппæрæм бынат ахсы, Фиджийæгтæ  та  авд баллы æрымбырд кодтой æмæ æртыккаг бынат бацахстой.

Фæстаг матчты   Гуырдзыстон æмæ Фиджи  турниры   фавориттимæ  ахъаздзысты: Борджгъалосанитæ  Австралиимæ  ахъаздзысты,  фиджийæгтæ  та  Уэльсимæ.