«Гуырдзыстон-Евроцæдисы ассоциацидзинады хынцинæгтæ» конференци Гуырдзыстоны парламенты

Гуырдзыстоны парламенты  уагъд цæуы  конференци  «Гуырдзыстон-Евроцæдисы ассоциацидзинады хынцинæгтæ».  Конференци райдыдта, Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Ираклий Къобахидзейы  фидиуæнæй, Гуырдзыстон Скæсæн Партнерады  сеппæтæй æнтыстджын бæстæйыл нымад кæй цæуы  уый фæдыл.  Конференцийы  фæлгæтты  æруынаффæ кæндзысты  Гуырдзыстон-Евроцæдисы  ассоциацидзинады  бадзырды  сæххæсты процессыл.  Мадзал уагъд цæуы,  Скæсæн Партнерады   æмбæстагон  дзыллæйы форумы, Гуырдзыстоны  националон   платформæйы æмæ  Гуырдзыстоны  хицауады организацигондæй.